Ирон лигъдæтты фехст Зары фæндагыл. Уыцы æвирхъау хабар æрцыд 1992-æм азы зæрдæвæрæны мæйы 20-æм боны. Лигъдæттæ цыдысты Цæгат Ирыстонмæ Зары фæндагыл Хуссар Ирыстоны змæстыты тыххæй. Уым сæ æрлæууын кодтой гуырдзиаг гарзджын тыхтæ æмæ сæ уым автоматтæй раст фехстой. Колоннæйы ’хсæн уыд фылдæр хистæр кары адæм, сывæллæттæ æмæ сылгоймæгтæ. 36 адæймаджы фæхъуыд.

Цауты цыд ивын

Гуырдзы ирон адæммæ куы расидтысты хæст, уый фæстæ Гуырдзыстонæй райдыдтой лидзын ирон адæм, кæдоны фæстæ гуырдзиаг радикалтæ зылдысты. 20 майы 1992 азы Цæгат Ирыстонмæ лидзынмæ хъавыдысты адæм. Сæ колоннæ конд уыд цалдæр рог æмæ уæргъласæн машинæтæй, кæдон се ’дзаг уыдысты зæрæдтæй, сылгоймæгтæй æмæ сывæллæттæй.

Фæндаг æлхынцъ кæм райдауы гуырдзиаг хъæуты ’рдæм (Чъех æмæ Курта), уым гуырдзиæгтæ сæ æрлæууын кодтой. Удгасæй чи баззад, уыдоны ныхæстæм гæсгæ, гуырдзиæгтæ ницы домæнтæ фехъусын кодтой. Раст æввипайды райдыдтой æхсын. Иу 11-аздзыд лæппуйы буар ссардтой, цы машинæйыл цыд, уырдыгæй 50 метры дард (йæ астæуыл æхст, афтæмæй). Уымæ гæсгæ нæ бон у зæгъын, лæппуйы фæстæ кæй лыгъдысты, уый.