Зилахар
Зилахар у æрдуз Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Црауы комы, Алагиры ныгуылæнæрдыгæй, ахсы 10 гектары бæрц. Йæхи айтыгъта Уариты комы æмæ Змæстдоны астæу.[1]
Зилахар | |
---|---|
Картæ | |
Ирон мифологи
ивынНарты кадджытæм гæсгæ, Зилахар уыд нарты хъазæн фæз. Ам нарттæ сæ тых æвзæрстой, сæ арæхстдзинад æвдыстой лæгæй-лæгмæ тохы, фатæй мил æхсыны, кафыны ерысты æмæ алыхуызон хæстон хъæзтыты.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Тохсырты Къоста. Зилахар // «Рæстдзинад», №114, 2016 азы 29 июнь