Пиренейы æрдæгсакъадах
(Иберийы æрдæгсакъадах-æй æрвыст)
Пиренейы æрдæгсакъадах[1] (йе ’ндæр ном — Ибери, Иберийы æрдæгсакъадах; порт., исп., галис., астур. Península Ibérica, баск. Iberiar penintsula, катал. península Ibèrica, фр. péninsule Ibérique, лат. Iberia Paeninsula) у æрдæгсакъадах Европæйы хуссар-ныгуылæны. Йæ былтæ æхсынц Зæххастæу денджыз, Атлантикон фурд æмæ Бискайы бакæлæн.
Пиренейы æрдæгсакъадах | |
---|---|
Характеристикæ | |
Фæзуат | 596 740 км² |
Бæрзонддæр цъупп | 3479 м |
Ран | |
40°18′ с. ш. 3°43′ з. д.HGЯO | |
Акватори | Бискайы бакæлæн, Атлантикон фурд, Зæххастæуы денджыз, Гибралтары донкъубал |
Бæстæтæ | |
Викикъæбицы медиа |
Пиренейы æрдæгсакъадах у, Европæйы цы æртæ стырдæр æрдæгсакъадахы (Пиренейы, Апеннины æмæ Балканы) ис, уыдонæй тæккæ хуссардæр æмæ ныгуылæндæр.
Ныртæккæйы заман Пиренейы æрдæгсакъадахыл æрбынат кодтой ахæм паддзахæдтæ: Испани (фæзуаты 85%), Португали, Андоррæ, Франц æмæ, Стыр Британийы дæлбар чи у, уыцы Гибралтар.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.