Зæххастæуы денджыз

денджыз

Зæххастæуы денджыз[1] кæнæ Æхсæнзæххы денджыз (лат. Mare Mediterraneum) у денджыз Африкæ, Ази æмæ Европæйы ’хсæн. Йæ фæзуат у 2 500 000 км², рæстæмбис арф у 1 541 м, максималон та — 5 121 м. Атлантикон фурдимæ баст у Гибралтары донкъубалæй.

Зæххастæуы денджыз
Характеристикæ
Фæзуат2 500 000 км²
Гуырахст3 839 000 км³
Донбылы дæргъ46 000 км
Стырдæр арф5121 м
Астæуккаг арф1541 м
Ран
35° с. ш. 18° в. д.HGЯO
Бæстæ
Зæххастæуы денджыз
Зæххастæуы денджыз
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Зæххастæуы денджызы ма рахицæн кæнынц ахæм денджызтæ: Альбораны денджыз, Балеары денджыз, Лигурийы денджыз, Тиррены денджыз, Адриатикон денджыз, Ионион денджыз, Эгейы денджыз æмæ Леванты денджыз (Киликийы денджыз æмæ Кипры денджыз). Зæххастæуы денджыз бассейнмæ хауынц Мармæр денджыз, Сау денджыз, Азовы денджыз.

Кæс ноджы

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Дзагуырты Тембол. Географийы терминон дзырдуат уырыссаг æмæ ирон æвзæгтыл. Цæгат Ирыстоны АССР-ы паддзахадон рауагъдад — Орджоникидзе, 1941.