Окруашвили, Иракли
(Иракли Окруашвили-æй æрвыст)
Иракли Кобайы фырт Окруашвили (гуырдз. ირაკლი კობას ძე ოქრუაშვილი; райгуырдис 1973-æм азы 6 ноябры, Цхинвалы) у Гуырдзыстоны политикон æмæ æфсæддон архайæг, паддзахады хъахъхъæнынады министр 2004—2006 азты[1].
Иракли Окруашвили | |
---|---|
гуырдз. ირაკლი კობას ძე ოქრუაშვილი | |
2004-æм азы 7 июны — 2004-æм азы 17 декабры | |
Раздæр чи уыд | Георгий Барамидзе[d] |
Фæстæдæр | Вано Мерабишвили |
2006-æм азы 10 ноябры — 2006-æм азы 17 ноябры | |
Раздæр чи уыд | Иракли Чоговадзе[d] |
Фæстæдæр | Георгий Арвеладзе[d] |
2004-æм азы 17 декабры — 2006-æм азы 10 ноябры | |
Раздæр чи уыд | Георгий Барамидзе[d] |
Фæстæдæр | Давид Кезерашвили[d] |
Райгуырдис |
1973-æм азы 6 ноябры (50 азы) |
Парти | |
Ахуырад | |
Викикъæбицы медиа |
Йæ дæсныйадмæ гæсгæ у юрист, каст фæцис Тбилисы паддзахадон университеты æхсæнадæмон барад æмæ æхсæнадæмон ахастыты факультет (1995).
2008-æм азы апрелæй цардис Францы куыд политикон лигъдон[2]. 2012-æм азы йæ къухы бафтыдис Гуырдзыстонмæ раздахын, уым афæлвæрдта политикон парти саразын, фæлæ парламенты æвзæрстыты фембылды ис[3].
2022-æм азы мартъийы 48-аздзыд Окруашвили афтыдис Украинæмæ, Киевмæ ’ввахс иннæ фæсарæйнæгтимæ иу къорды хæцыдис Уæрæсейы æфсады ныхмæ[4]. 13 апрелы Украинæйæ ацыдис фæстæмæ Гуырдзыстонмæ[5].