Искандер, Фазиль Абдулы фырт
Фазиль Абдулы фырт Искандер (абх. Фазиль Абдул-иҧа Искандер; райгуырдис 1929-æм азы 6 мартъийы — 2016-æм азы 31 июлы, Переделкино, Мæскуы) у Абхазы зындгонддæр фысджытæй иу, советон æмæ уæрæсейаг прозаик æмæ поэт. Фыссы уырыссаг æвзагыл.
Фазиль Искандер | |
---|---|
Райгуырды датæ | 1929-æм азы 6 мартъийы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 2016-æм азы 31 июлы[3][2][…] (87 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Ахуырад | |
Архайды хуыз | сценарист, фыссæг, журналист, романист, поэт, эссеист |
Сфæлдыстады азтæ | 1957 — |
Жанр | мемуартæ[d], прозæ[d], сатирæ[d], фæсномыг ныхас[d], эссе[d] æмæ афоризм[d] |
Уацмысты æвзаг | уырыссаг[4] |
Хорзæхтæ | |
Автограф | |
faziliskander.com | |
Викикъæбицы медиа |
Фазиль райгуырдис сахар Сухумы. Йæ фыд, ирайнаг адæмыхаттæй, революцийы размæ уыдис агуыридургæнæн заводы хицау. 1938 азы йæ ратардтой Советон Цæдисæй, æмæ уæдæй фæстæмæ Искандер æй никуы федта. Хъомыл æй кодтой йæ абхазаг мады æрвадæлтæ Чегемы хъæуы (Абхазы).
Сыгъзæрин майданимæ каст фæцис уырыссаг скъола Сухумы. Бацыдис Библиотекон институтмæ Мæскуыйы, æмæ æртæ азы дзы куы фæахуыр кодта, уæд йæхи раивын кодта Горькийы номыл Литературон институтмæ (каст æй фæцис 1954 азы).
1954–1956 азты куыста журналистæй Курсчы æмæ Брянсчы. 1956 азы ссис Паддзахадон рауагъдады (Госиздат) Абхазы хайады редактор. Фæкуыста дзы 1990-æм азтæм. 1990-æм азты райдианы æрцардис Мæскуыйы.
Йæ æмдзæвгæты фыццаг чиныг «Хæххон къахвæндæгтæ» («Горные тропы») рацыдис Сухумы 1957 азы. 1950-æм азты кæроны мыхуыр кæнын райдыдта журнал «Юность»-ы.
Прозаикон уацмыстæ фыссын райдыдта 1962 азы. Чиныгкæсæг дзыллæтæ йæ ном базыдтой 1966 азы, йæ уацау «Созвездие Козлотура» журнал «Новый мир» куы ныммыхуыр кодта, уæд.
Фыссæджы сæйраг чингуытæ фыст сты хицæнхуыз жанры: эпопей-роман «Чегемаг Сандро» («Сандро из Чегема»), эпос (радзырдты цикл) «Чикы сабибонтæ» («Детство Чика»), фæсномыг уацау «Кроликтæ æмæ æлхъивгæлмытæ» æмæ æнд.
Фазилы бирæ уацмысты сюжет райхæлы, йæ сабидуджы зынгæ хай кæм арвыста, уыцы Чегемы хъæуы.
1979 азы Фазиль Искандер архайдта æнæцензурæ альманах «Метрополь»-ы (мыхуыргонд дзы æрцыдис йæ уацау «Стыр сексы чысыл гигант»).
Фыссæгæн куыд æхсæнадон архайæгæн уыдис авторитет — иу æмæ дыууæ хатты нæ радзырдта чысылнымæц адæмты сæрыл. 1989 азы оппозицийы тыхты номæй æвзæрст æрцыдис Советон Цæдисы Уæлдæр Советы 12-æм æрсидты депутатæй (Абхазы АССР-æй).
Ныртæккæ цæры Мæскуыйы, æмæ у Мæскуыйы абхазæгты диаспорæйы хистæр.
Бинонтæ
ивынУс ракуырдта 1960 азы. Йæ бинойнаг у поэтессæ Антонинæ Хлебникова. Ис сын фырт æмæ чызг. 2011 азы уалдзæджы сбæрæг кодтой сыгъзæрин чындзæхсæв, æмæ уый фæдыл мыхуыры рауагътой се ’мдзæвгæты иумæйаг чиныг «Мит æмæ сæнæфсир».
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Искандер Фазиль Абдулович // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ 2,0 2,1 Fasil Abdulowitsch Iskander // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ 3,0 3,1 L’écrivain Fazil Iskander est mort (фр.) / J. Fenoglio — Paris: Société éditrice du Monde, 2016. — ISSN 0395-2037; 1284-1250; 2262-4694
- ↑ Чешская национальная авторитетная база данных