Исхаки, Гаяз
Гаяз Исхаки (Иделле, тæт. Гаяз Исхакый; райгуырдис 1878-æм азы 22 февралы, Яуширмайы хъæуы — амардис 1954-æм азы 22 июлы, Анкарайы) уыдис тæтæйрæгты националон змæлды зынгæ архайæг, фыссæг, чиныгуадзæг æмæ политик.
Гаяз Исхаки | |
---|---|
Райгуырды датæ | 10 (22) февралы 1878 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты бон | 1954-æм азы 22 июлы (76 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад (дæлхицауад) | |
Архайды хуыз | фыссæг, драматург-режиссёр, журналист, политик |
Уацмысты æвзаг | тæтæйраг |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынГаяз райгуырдис Хъазанмæ æввахс хъæу Яуширмæйы (ныртæккæ у Тæтæрстаны Чистополы районы Кутулушкинойы хъæу). Рацыдис мишарты бинонтæй. Ахуыр кодта сахартæ Чистополь æмæ Хъазаны медресеты. 1899-æм азы бацыдис уырыссаг ахуыргæнджыты скъоламæ Хъазаны. Йæ литературон архайд Гаяз Исхаки райдыдта XIX æнусы кæрон. Йæ фыццаг уацмыс «Радости познания» мыхуырæй рацыдис 1896 азы æмæ уайтагъд ссардта фæндаг чиныгкæсджыты зæрдæтæм.
1905-æм азы революцийы фæстиуæгæн мыхуыры æмæ дзырды сæрибардзинад куы фæзындис, уæд Гаязы литературон архайд уæлдай фæтыхджындæр ис. 1905–1917 азты уый ныффыста йæ аивадон фыстыты фылдæр хай, уыдоны ’хсæн уыдысты романтæ, драмæтæ, радзырдтæ — æдæппæт 30 уацмысмæ æввахс. Йæ уыцы дуджы тыккæ хъуыстгонддæр уацмыстæ сты «Зындон», «Ай цард у?», «Молло Бабай», «Салдат», «Сæнттæ», «Зулейхæ», «Ахуыргæнæг сылгоймаг» æмæ иннæтæ. Йæ классикон драмæтæ «Зулейхæ» æмæ «Ахуыргæнæг сылгоймаг» æвæрдтой сценæйыл суанг 1923 азы онг, цалынмæ советон хицауиуæггæнджытæ нæ базыдтой йæ эмиграци æмæ антибольшевикон архайды тыххæй. Фæстагмæ йæ уацмыстæ мыхуыр кæныны бар нал уыдис. Советон дуджы размæ, стæй цалынмæ советон Уæрæсейы уыдис, уыцы рæстæг цы уацмыстæ сфæлдыста, уыдоны Гаяз фыста тæтæйраг адæмы цардыуаг, зæрдахаст æмæ æгъдæутты тыххæй, æвдыста йе ’мбæстæгты тох падзахы хицауады ныхмæ. Фыссæг йæ адæммæ сидтис рацæуын æфхæрдтытæ æмæ æнæрастдзинады ныхмæ тохмæ.
Революцийы размæ Гаяз цалдæр хатты бадтис ахæстоны. Иуахæмы йæ куы æрцахстой æмæ Архангельсчы облæстмæ ахæссыны агъоммæ фæбадын кодтой, уæд уый цасдæр рæстæг фæцис Польшæйы фидæны премьер-министр Юзеф Пилсудский иу камерæйы. Дыууæ лæджы балымæн сты æмæ-иу арæх цыренæй ныхас кодтой царизмы ныхмæ сæ политикон тохы тыххæй.
Гаязы архайд революцийæ мидхæсты онг
ивын1917 азы майы Мæскуыйы уыдис Пысылмæтты 1-аг æппæтуæрæсеон уанел (уырыс. съезд). Гаяз уыдис, уыцы цау чи цæттæ кодта æмæ дзы активонæй чи архайдта, уыдонæй иу. Уыцы конгрессы райстæуыд азербайджайнаг политик Расул-Задейы резолюци. Уыцы уынаффæмæ гæсгæ федеративон демократон Уæрæсейы мидæг тюркаг пысылмæттæм хъуамæ уа территориалон автономи. Гаяз Исхакийы фæндонмæ гæсгæ конгрессы арæзт æрцыдис Центрон Национ Уынаффæдон. Ацы ногарæзт оргæнæн бабар чындис раздæры империйы тюрк-пысылмон адæмты культурон, национ, динон æмæ политикон фарстатæ лыг кæныны хъуыддаг.
1917 азы 21-æй 31-æм июнмæ уыциу рæстæг цыдис æртæ конгрессы рабæдтытæ: Уæрæсейы пысылмæтты Æфсæддон уынаффæдон, дингæнджыты конгресс æмæ Дыккаг æппæтпысылмон конгресс. Уыцы æртæ конгрессы иумæйаг курултайы сарæзтмæ зынгæ хай бавæрдтой Садри Максуди æмæ Гаяз Исхаки. 1917 азы 23 июны фехъусын чындис Поволжье æмæ Уралы тæтæйрæгты национ-культурон автономи сарæзты тыххæй.
1917 азы 20 ноябры Уфайы сахары уыдис, тæтæйрæгты национ паддзахадондзинадæн бындур чи хъуамæ сфидар кодтаид, уыцы æмбырд. Ам сарæзтæуыд, йе сконды æхсæз къамисы кæм уыдис, ахæм национ разамынд. Гаязæн бабар чындис слæууын æддагполитикон камисы сæргъы. 1918 азы апрелы большевикон æфсæдтæ бацахстой Тæтæр-Башкирийы сахартæ æмæ хъæутæ. Уый фæстиуæгæн ликвидацигонд æрцыдис Национ Разамынд. Гаяз Исхакийы газет «Ил»-ы («Бæстæ») исбон æмæ типографи большевиктæ ратæлæт кодтой. Исхачы бахъуыдис рахизын сусæгкуыстмæ.
Гаязы архайд мидхæсты рæстæг
ивын1918 азы сæрды Чехословакийы корпусы хæйттæ расырдтой большевикты Волгæйы былтæй æмæ Уралæй. Национ Разамынд ногæй радыдта кусын Уфайы, йæ разамонджытæй иу уыдис Гаяз, афтæмæй. 1918 азы августы Хъазаны сарæзтæуыд тæтæры адæмон æфсад. Фæлæ антибольшевикон ахаст дарæг тæтæйрæгтæ æмæ башкирæгтæ бахаудысты зын уавæрмæ, адмирал Колчак сæм фыдзæрдæ кæй хаста, уый тыххæй. Колчак Разамынды уæнгтæй байста политикон архайд кæныны бар.
Поволжье æмæ Урал большевиктæ фæстæмæ куы бацахстой, уæд Национ Разамынд, йæ сæргъы Исхаки, афтæмæй йæхи айста Сыбырмæ, тæтæйрæгтæ цæрджыты зынгæ хай кæм уыдысты, уыцы Петропавлосчы сахармæ. Уыцы ран Гаяз Исхаки райдыдта уадзын газет «Маяк». 1920 азы, большевиктæ сæ тыхбар Волгæйы былтыл æмæ Уралы бынтон куы ныффидар кодтой, уæд Гаязы бахъуыдис ныууадзын бæстæ.
Эмиграци
ивынЭмиграцийы Гаяз Исхаки фылдæр кодта политикон куыст, фæлæ нæ уагъта йæ литературон архайд дæр. Фæсарæнты кæй ныффыста, уыцы уацмыстæй хъуыстгонддæртæ сты драмæтæ «Дыууæ зынджы астæу» æмæ «Уылæнтыл», романтæ æмæ радзырдтæ «Хъæмæ цæугæйæ», «Фæззæг», «Стыр бæрæгбон» æмæ æндæртæ.
Советон заман Гаяз Исхакийы æхсæнадон-политикон æмæ литературон архайдыл дзурæн нæ уыдис æмæ уый фыдæй тæтæйрæгты фылдæр хай нæ зыдтой йæ ном.
1928 азы Исхаки Берлины райдыдта уадзын журнал «Милли юл» («Национ фæндаг»). Ам анализгонд цыдис большевикты политикæ Тæтæры æмæ Башкирийы республикæты.
1934–1938 азты Гаяз Исхаки уыдис балцы Маньчжуры, Корейы, Японы, Араббы æрдæгсакъадахыл æмæ Финляндийы. Уыцы бæстæты уый архайдта тæтæйраг эмигрантты æнгом кæныныл.
Турчы
ивынФæстæдæр Гаяз Исхаки æрцардис Турчы. Уым уый дарддæр кодта йæ политикон æмæ литературон куыст.
Амардис Гаяз Анкарайы, ныгæд та æрцыдис Эдернекапыйы уæлмæрдты, Стамбулы.