Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæн

Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæн у Кæсæг-Балхъары уæвæг паддзахадон æрдзæвæрæн[1]. Бачындæуыди 1976-æм азы январы. Йæ фæзуат хæццæ кæны 82649 гектармæ. Хъаггæнæн зонæйы фæзуат — 26000 гектары.

Дзæбидыртæ Кæсæг-Балхъары уæлхох æрдзæвæрæны

Уæлцъар ивын

Æрдзæвæрæн хауы Стыр Кавказы уæлхох зонæмæ. Йæ тæккæ бæрзонддæр ран — хох Дыхтау (5204 м.), тæккæ ныллæгдæр та денджызы æмвæзæй 1800 метрæй уæлдæр у.

Стыр хох ам рауайы хъуыстгонд «Безенгийы сисы хуызы», ацы «сисы» хыццынц ахæм цъуппытæ; Гестолæ (4859 м.), Катынтау (4858,8 м.), Джангитау (5058 м.), Скæсæйнаг Джангитау (5033 м.) æмæ Шхарæ (5068 м.).

Æрдзæвæрæны тæккæ бæрзонддæр ран, Дыхтау, стæй Коштантау кæм сты, уыцы Фæрсаг рагъ конд у æртæ къабазæй — æртæ дæр цæугæдæттæй гæрст, уыдон сты Чегем, Безенгийы Цæрæк æмæ Балхъары Цæрæк.

 
Æрдзæвæрæн, Семёновскийы цъуппæй конд къам. Галиуырдыгæй тæккæ бæрзонддæр цъупп у Джангитау (5059 м)

Ныгуылæйнаг къабаз хуыйны Каргашилы рагъ, амы цъуппытæ сты Салынгантау (4510 м.), Тютюргю (4242 м.) æмæ æндæртæ. Фæрсаг рагъы скæсæйнаг къабаз Цæрæчы донуат дих кæны дыууæ хайыл; Безенгийаг æмæ Балхъайрагыл. Сæйраг цъуппытæ ам, Дыхтау æмæ Коштантау йеддæмæ, сты Пушкины цъупп (5047 м), Мусостау (4421 м.) æмæ Мижирги (4928 м.).

Балхъары Цæрæк æмæ Æрæфы ’хсæн массив хуыйны Сугъаны Альпæтæ. Хох Сугъанæй ам рацæуы цалдæр къабузы, сæ цъуппытæ Гюльчи (4477 м.), Сабалах (3616 м.) æмæ æндæртæ.

Æрдзæвæрæны уæлъцар гæрдынц 256 цъитийы. Уыдонæй 194 сæ фæзуат аххæссыд 10 гектарæй фылдæр. Æдзард нивалон роны фæзуат у 45.502 гектары, кæнæ æрдзæвæрæны 60.7%[2].

Гидрологи ивын

Ацы территори айгæрстой бирæ цæугæдæттæ, сæ бирæйы аххосаг — дзадджын ратæдзæнтæ, æнæнымæц цъититæ. Тæккæ егъаудæр дæттæ: Чегем, Безенгийы Цæрæк, Псыгансу, Хæзныдон [3]. Бынаты ис цалдæр суары.

Флорæ æмæ фаунæ ивын

Регистрацигонд хуызты нымæц: уæлдæр зайæгойтæ — 1200, кæсæгтæ — 1, донзæххонтæ — 1, хæлæгтæ — 3, мæргътæ — 128, æхсырæйхæссджытæ — 29.

Æрдзæвæрæны æдзух цæрынц: кавказаг дзæбидыр, хуымæтæджы рувас, хъæддагхуы, хъæддаг куыдз, бур арс, кавказаг хъæддаг гæды, хуымæтæджы стай, дурын æмæ хъæддаг сæлавыр, мыстулæг, хуымæтæджы æхсæрсæттæг, бурхил тæрхъус, тинуыры, морæдæндагонтæ, хæлынбыттыртæ. Дзырдæуы æмæ уыдысты фембæлдтытæ кавказаг фæранкимæ. Мæргътæй æмбæлынц стæмуæвæгтæ: дурдзæргæс, саухолыхор, саудзæргæс, урссæрхолыхор, могильник, сапсан, сырхбазыр къулылылхил, кавказаг саугарк, зым.

Кæс ноджы ивын

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Кабардино-Балкарский государственный заповедник.
  2. Caucasus mixed forests. Encyclopedia of Earth. Датæ: 2016-æм азы 24 январы.
  3. Climate of Kabardino-Balkarski. GlobalSpecies.org. Датæ: 2016-æм азы 21 январы.

Æрвитæнтæ ивын