Тебердайы æрдзæвæрæн
Тебердайы æрдзæвæрæн (ФПБУ «Тебердайы паддзахадон æрдзон биосферон æрдзæвæрæн») — паддзахадон æрдзон биосферон æрдзæвæрæн. Тебердайы æрдзæвæрæн йæхи æрытыгъта Стыр Кавказы цæгатаг фæхстыл, Хъæрæсе-Черкесы Хъæрæсейы, Зеленчукскаяйы æмæ Уарыппы районты.
Истори
ивын1935-æм азы Хъæрæсейы æххæсткомы уынаффæмæ гæсгæ сфæлдыстæуыд бынатон ахадынады æрдзæвæрæн, 1936-æм азы 5 мартъийы та ВЦÆК æмæ УСФСР-ы № 40 уынаффæйадмæ гæсгæ рахасдæуыд «Тебердайы уæлвæзон акклиматизацион паддзахадон æххæст æрдзæвæрæн сфæлдисыны» фæндон. Уыцы уынаффæйадмæ гæсгæ æппæт æрдзæвæрæны территорийыл хъæды эксплуатаци, цуан æмæ кæсагахст иваронд æрцыдысты. Уыимæ гæнæн уыд хизæнтæй пайда кæнын стæй бынаты курортон æууæлтæ фæлгъауын.
Административон арæнты аивыны тыххæй 1944-æм азы январæй Тебердайы æрдзæвæрæн Гуырдзыстоны ССР-ы æрдзæвæрæнты Управленийæн бадæлбар кодтой[1].
1951-æм азы ССРЦ-ы Министрты Цæдисы цур æрдзæвæрæнты Сæйраг управленийæн дæлбаргонд æрцыд.[1].
1955-æм азы Тебердайы æрдзæвæрæн дæлбаргонд уыд ССРЦ-йы хъæууон хæдзарады Министрадæн, стæй йæ алæвæрдтой УСФСР-ы Министрты Цæдисы цур цуанон хæдзарады Сæйраг управленимæ.[1].
1991-æм азæй Тебердайы æрдзæвæрæн уыд УФ-йы алфæмблайон фалдзусхизæн Паддзахадон комитеты (Уæрæсейы Госкомэкологи) дæлбар.
2000-æм азæй Тебердайы æрдзæвæрæн ис УФ-йы æрдзон ресурсты æмæ экологийы Министрады (Уæрæсейы Минприроды) дæлбар. 1971-æм азы Тебердайы æрдзæвæрæнæй рахицæн кодтой Домбайы туристон комплексты территори, йæ æмтгæйон фæзуат 112, 5 гектары[1].
2009-æм азæй Тебердайы æрдзæвæрæны хъаггæнынады æвджид бакодтой йæ фæзуат 74 900 гектары кæмæн у, уыцы федералон нысаниуæджы Паддзахадон æрдзон заказник «Даутаг».
Æрдзæвæрæны сконд
ивынАрæзт у дыууæ хайæ: Тебердайы (66, 059 га) æмæ Архызы (19, 270 га). Уымæй уæлдай мæ дзы ис биосферон полигон дæр, йæ фæзуат 27 277 га, иу кæны куыд æрдзæвæрæны дыууæ кластерон хайы, афтæ ма æмарæн у Кавказы биосферон æрдзæвæрæнимæ дæр. Афтæмæй Тебердайы æрдзæвæрæны иумæйаг фæзуат у 112606 га.
Æрдз
ивынÆвæрд у Стыр хохы цæгатаг фæхстыл. Территорийы 31,7 % бацахстой хъæдтæ, 20 % — уыгæрдæнтæ, 8,5 % — цъититæ, 38,4 % — къæдзæхтæ æмæ лæбырдтæ, 0,7 % — дæттæ.
Æрдзæвæрæны хынцтытæм гæсгæ ис 180 цады онг. Сæ рæсугъдзинадæй хъуыстгонд сты Бадучы цæдтæ. Сæ максималон арф 30-50 метры. Цæдты фылдæр хай ис денджызы æмвæзæй 2000 м. уæлдæр æвæрд. Бирæтæ зынвадат, зынбацæуæн сты. Сæ фылдæры равдзæрд баст у цъититы тайæнтимæ. Уымæ гæсгæ сæ кар дæр 200-1000 азæй фылдæр нæ хæссы, Тебердайы сахары уæвæг Каркель-цад нæ нымайгæйæ, уый рагон Тебердайы цъитийы батады руаджы сфæлдыстæуыд, хынцтытæм гæсгæ донæвæрæныл цæуы 8000-10000 азы.
Æрдзæвæрæны цæугæдæттæ дæр миты æмæ цъитийы хæлцæй цæрынц, сæ нымæц — 30 доны. Къулрæгътыл кæлын сæ кæй бахъæуы, уымæ гæсгæ донкъæстæртæ æмæ æхсæрдзæнтæ арæх айгæрдынц, зæгъæм Алибечы æмæ Хутыйы æхсæрдзæнтæ.
Тæккæ егъаудæр цæугæдæттæ сты: Теберда, Аманауз, Алибек, Домбай-Ульген, Гоначхир, Бадук, Уллу-Муруджу. Архызаг хайы та егъаутæр Кизгыч у.
Æрдзæвæрæны ис 109 цъитийы, сæ иумæйаг фæз у 74,3 км². Цъититы тыххæй зæгъгæ ской кæнын хъæуы зæйрæгъты тыххæй дæр, уыдон нымадæй сты 530, æмæ зымæг стæй уалдзæг æнхъæлцау сты тыхджын зæйтæй.
Æрдзæвæрæны тæккæ ныллæгдæр ран — Дамагат-цæугæдоны донæфтæн — денджызы æмвæзæй 1260 м. уæлдæр. Тæккæ бæрзонддæр бынат та — хох Домбай-Ульген, йæ бæрзæнд 4047 м. Æрдзæвæрæны территорийы 85 % ис денджызы æмвæзæй 2000 м уæлдæр.
Флорæ æмæ фаунæ
ивынÆрдзæвæрæны хуызгай зайынц 1207 зайæгойы, хъуынайы 470 хуызы, хъуынабынтæ дзы 300 фылдæр банымадтой, зæххон донхæлттæ — 100-йæ ахызтысты, зокъотæ — 500. Уыдæттæй 272 Кавказы эндемиктæ сты, 26 та хаст æрцыдысты Уæрæсейы Сырх чиныгмæ.
Æхсырæйхæсджытæ æрдзæвæрæны ис 46 хуызы, мæргътæ — 225, рептилитæ 10 хуызы, амфибитæ — 7, кæсæгтæ — 3.
Уырынгæттæ дзы банымадтой 3000 хуызæй фылдæр.
Цæрæгойты 31 хуыз Уæрæсейы Сырх чиныгмæ хаст æрцыдысты.
Галерей
ивынКæс ноджы
ивынФиппаинæгтæ
ивынЛитература
ивын- Малышев А. А. и др. . — Ставрополь: Ставропольское кн. изд-во, 1958.
- Буклет «Тебердинский государственный природный биосферный заповедник», — М:.Известия, 2011 — 52 с.
- Салпагаров А. Д., Текеев Д. К. Тебердинский заповедник как особо охраняемая природная территория и его роль в сохранении природы Северного Кавказа / Материалы международной научно-практической конференции «Проблемы экологической безопасности и сохранение природно-ресурсного потенциала». — Ставрополь, 2009, с. 37–42.
- Салпагаров А. Д., Текеев Д. К., Джандаров И. И. Состояние популяций млекопитающих, внесенных в Красную книгу РФ, на территории Тебердинского биосферного заповедника / Актуальные вопросы в области охраны природной среды (Информационный сборник ФГУ «Всероссийский научно-исследовательский институт охраны природы»). — M.: ФГУ «ВНИИ природы», 2009, с. 102–105.
Æрвитæнтæ
ивын- Æрдзæвæрæны сайт
- Тебердинский заповедник в информационно-справочной системе «Особо охраняемые природные территории России»
- Официальный сайт(недоступная ссылка). Архив 2017-æм азы 5 декабры.
- В краю горного солнца (1974)