Зым, дыгур. зум кæнæ дзумаргъ[1], зумаргъ (лат. Tetraogallus caucasicus; уырыс. Кавказский улар, кавказская горная индейка) у мæргъты хуыз. Цæры Кавказы хæхты. Йæ буары дæргъ у 50-60 сантиметры бæрц, йæ уæз та — 1,6-2,4 кг.

Зым
Зым
Зонадон классификаци
Паддзахад: Цæрæгойтæ
Тип: Хордæджынтæ
Кълас: Мæргътæ
Къорд: Кæркхуызтæ
Бинонад: Сындзыуасджытæ
Мыггаг: Зымтæ
Хуыз: Зым
Латинаг ном
Tetraogallus caucasicus
Pallas, 1811
ITIS 553829

Этимологи

ивын

Зым = зым маргъ.[2]

Нæмттæ

ивын

Цуанон æвзагыл: зараг, дзиццы.[3]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуат : 4 томæй / Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцийæ ; Уæрæсейы зонæдты академи ; Дзæуджыхъæуы зонадон центр ; Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт. — М. : Наука, 2007. II-æм том, 296-æм ф.
  2. Абайты Васо. Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат. IV-æм том. Ф. 320
  3. Хъесаты Валодя. Ирон цуанæтты æгъдæуттæ æмæ æвзаг. — Дзæуджыхъæу: Ир, 2010 — 175 ф.