Кадитæ
Равзæрд
ивынАцы мыггаг нымад у Уæлладжыры комы астæуккаг æнусты бындурон мыггагыл. Сæ æрвадæлтæ сты Баскъатæ, Дауыйатæ, Дзлатæ æмæ Хатутæ. Кадиты мыггаджы ном баст у араббаг дзырд «кази»-имæ, нысан кæны «тæрхонгæнæг», «хæстон». Кадитæ æмæ сæ æрвадæлтæ раздæр цардысты Мызур æмæ йæ алфамбылай хъæуты. XIX æнусы райдыйаны мыггагæй чидæртæ алыгъдысты быдыры хъæутæм: Хуымæллæг, Елхот, Бæтæхъо æмæ æнд.
Кадиты мыггагæй XIX æнусы зындгонд уыд уырысы ’фсады афицер, æнæхъæн Ирыстоны дзырддзæугæ адæймаг Кадиты Бади. Гæздæнты М. йыл ныффыста уац, мыхуыры йæ рауагъта газет «Терские ведомости»-йы.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 77.