Кайманы сакъадæхтæ

Кайманы сакъадæхтæ (англ. Cayman Islands) у Стыр Британийы фæсденджызон территори Карибы денджызы, Кубæ æмæ Ямайкæмæ ’ввæхс. Бæстæйы скæнынц æртæ сакъадахы: Стыр Кайман, Чысыл Кайман æмæ Кайман-Брак. Ссардта сæ Колумб 1503 азы 10 майы, йæ 4-æм балцы рæстæг.

Кайманы сакъадæхтæ
Cayman Islands
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Девиз: «He hath founded it upon the seas»
Гимн: «God Save the Queen»
Хæдбар сси 1962 Ямайкæйæ
Æвзаг англисаг
Сæйраг сахар Джорджтаун
Стырдæр сахартæ Джорджтаун
Хицауиуæджы хуыз Стыр Британийы фæсденджызон территори
ус-паддзах Елизаветæ II
Фæзуат 260 км²
Доны процент 1,6%
Цæрджытæ
• Бахыгъд (1999)
Æнгомад

39.020 ад.
161 ад./км²
Интернет-домен .ky
Телефонон код +1-345
Стыр Кайманы картæ

Сакъадæхты фæзуат у 259 км². Цæрынц дзы 40 мин ад. (2005): мулаттæ (40%), урсытæ, креолтæ, негртæ. Цæрджытæй 4/5 цæрынц сакъадах Стыр Кайманыл. Административон центр у Джорджтаун.

1863 азы Кайманы сакъадæхты систы Ямайкæйы дæлбар территори, фæлæ, Ямайкæ 1962 азы хæдбар паддзахад куы сси, кайманæгтæ бритайнаг паддзахады баззæйыны сфæнд кодтой.

Кайманы сакъадæхтæ хъæздыг бæстæ у. Ардæм æрбацæуынц бирæ туристтæ АИШ æмæ Канадæйæ (æрвылаз 2 милуанæй фылдæр), стæй офшорон финансон центр у (68 мин компанийы дзы регистрацигонд сты, кусы дзы йæхи биржæ).