Кергелен
Кергелены сакъадæхтæ, Кергелены архипелаг (фр. Îles Kerguelen, Archipel des Kerguelen) у сакъадæхты къорд (иу стыр сакъадах æмæ 200 чысылдæр сакъадахы) Индийы океаны. Кергелен у Францы фæсденджызон территори, Францы Хуссар æмæ Антарктикон территориты хай.
Кергелен | |
---|---|
фр. Îles Kerguelen | |
Характеристикæ | |
Сакъадæхты нымæц | 300 |
Стырдæр сакъадах | Гранд-Тер |
Иумæйаг фæзуат | 7215 км² |
Бæрзонддæр цъупп | 1850 м |
Цæрджытæ | 45 ад. (2016) |
Æнгомад | 0,01 ад./км² |
Ран | |
49°22′ ю. ш. 69°25′ в. д.HGЯO | |
Акватори | Индийы фурд |
Бæстæ | |
Регион | Францы Хуссар æмæ Антарктикон территоритæ |
Викикъæбицы медиа |
Æппæт архипеладжы сурзæххы фæзуат у 7215 км², ома Цæгат Ирыстонæй чысыл къаддæр. Йæ сæйраг сакъадахы фæзуат та — 6675 км².
1772-æм азы февралы сакъадæхтæ ссардта францаг иртасæг Ив-Жозе Кергелен.
Кергелены ис «Германы салдаты тæккæ хуссардæр ингæн», 1940-æм азы уым амардис немыцаг хæстон наудзог.