Индийы фурд
(Индийы океан-æй æрвыст)
Индийы фурд (океан) у Зæххы къорийы фурдты æртыккаг стырдæр. Зæххæн æмбæрзы йæ донцъары 20%.
Индийы фурд | |
---|---|
Характеристикæ | |
Фæзуат | 76,174 млн[1] км² |
Гуырахст | 282,65 млн[2] км³ |
Стырдæр арф | 7729 м |
Астæуккаг арф | 3711 м |
Ран | |
14°05′34″ ю. ш. 76°18′38″ в. д.HGЯO | |
Викикъæбицы медиа |
Цæгатырдыгæй арæнгонд у Азийы континентæй, ныгуылæнырдыгæй — Аравийы æрдæгсакъадах æмæ Африкæйæ, скæсæнырдыгæй — Индокитай, Зонды сакъадæхтæй, хуссарырдыгæй — Хуссар фурдæй. Индийы æмæ Атлантикон фурдты ’хсæн арæн цæуы скæсæн дæргъады 20 градусыл, Индийы æмæ Сабыр фурдты арæн — скæсæн дæргъады 147 градусыл.
Индийы фурды тæккæ цæгатагдæр стъæлф ис Персы бакæлæны, цæгат уæрхады 30 градусмæ æввахс. Индийы фурд у 10000 км уæрхæн. Йæ фæзуат у 73 556 000 км² (Сырх денджыз æмæ Персы бакæлæн нымайгæйæ), бæрцут — 292 131 000 км³.
Индийы фурды æрбынат кодтой сакъадахон бæстæтæ — Мадагаскар, Коморы сакъадæхтæ, Сейшелтæ, Мальдивтæ, Маврикий, Шри-Ланка.