Кокойты Исахъы фырт[1] Таймураз (райгуырдис Тбилисы 1946-æм азы 2 ноябры[2]) уыдис Цхинвалы паддзахадон универститеты ректор (2003—2013).

Профессор, Хетæгкаты Кьостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, РХИ-йы зонады сгуыхт архайæг, РЦИ-Аланийы ахурады сгуыхт кусаег, Абхаз аемае Арцахы паддзахадон университетты кадджын доктор, ЗÆЗÆА-йы (МАНЭБ-ы) академик, «Сгуыхт автор»-ы кадджын номхаессаег, «Кады орден», «Хæлардзинады орден», М. Ломоносовы номыл «Рухсады æмархайæг», «Зонадон литературæма хайбавæрды тыххæй» орденхæссæг.

Кокойты Т. 1969 азы фæци каст Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты биологи æмæ химийы факультет. 1974 азы каст фæци Тбилисы Пушкины номыл пединституты аспирантурæ, бахьахьæдта дисертаци æмæ кусын райдыта ХИППИ-ы биологийы кафедрайы хистæр ахуыргæнæгæй, 1979-1985 азты кафедрæйы сæргьлæууæгæй, 1985-1989 —деканæй, 2001-2003 — проректорæй, 2003-2013 — ректорæй. Кокойты Т. хайад иста Мæскуы, Ленинграды, Киевы, Братиславæйы, Осакæйы, Тайваны зонадон конференциты. Уый у 100-йæ фылдæр публикацийы автор. Иннæ чингуыты ’хсæн уый у ацы дзырдуæтты автор: «Неологизмтæ æмæ нырыккон ирон терминологон системæ биологийы æмæ медицинæйы уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат», «Æрдзонæны æмæ медицинæйы уырыссаг-ирон энциклопедион дзырдуат», «Неологизмтæ æмæ терминты системæ» (2016), «Уырысаг-ирон энциклопедион дзырдуат», «Авторон неологизмтæ æмæ нырыккон ирон терминты системæйы ногдзинæдтæ».

Ныртæккæ Кокойты Т. лæууы биологийы кафедрæйы сæргъы, æфтæ ма у ХИПУ-йы медикон-биологон лабораторийы сæргьлæууæг.

Фиппаинæгтæ

ивын