Коцтæ[1] кæнæ Костæ[1][2], Коштæ[2] (уырыс. Кочиевы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд ивын

Костæ, Гæззатæ æмæ Дзасохтæ æрвадæлтæ сты. Гæзза уыд Косы æфсымæр. Уыд ма сын иу æфсымæр, фæлæ йын йæ ном нæ хъуыды кæнынц. Костæ ралыгъдысты Уæлладжырæй, Урсдонæй Нары коммæ, Цъебаты хъæумæ дæр сæ иу фыдыфырт æрбафтыд. Иннæтæ æрцардысты Чеселты, Цъамады æмæ Хъолайы хъæуты. Хъæуты нæмттæ дæр рахастой Уæлладжырæй, сæ фыдæлты уæзæгæй. Æндæр таурæгъмæ гæсгæ ма сын се ’рвадæлтæ хонынц Дыгъуызты.[3]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  2. 2,0 2,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  3. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 83.