Коцтæ
Коцтæ[1] кæнæ Костæ[1][2], Коштæ[2] (уырыс. Кочиевы) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
ивынКостæ, Гæззатæ æмæ Дзасохтæ æрвадæлтæ сты. Гæзза уыд Косы æфсымæр. Уыд ма сын иу æфсымæр, фæлæ йын йæ ном нæ хъуыды кæнынц. Костæ ралыгъдысты Уæлладжырæй, Урсдонæй Нары коммæ, Цъебаты хъæумæ дæр сæ иу фыдыфырт æрбафтыд. Иннæтæ æрцардысты Чеселты, Цъамады æмæ Хъолайы хъæуты. Хъæуты нæмттæ дæр рахастой Уæлладжырæй, сæ фыдæлты уæзæгæй. Æндæр таурæгъмæ гæсгæ ма сын се ’рвадæлтæ хонынц Дыгъуызты.[3]