Къарол Артур (англ. æмæ валл. Arthur, ирл. Artur) уыд бриттаг таурæгъон фæтæг V æнусы. Уый ныддæрæн кодта саксæгты. У Британийы радзырдты сæйраг архайæг. Абоны бонмæ бæрæг нæу, Артур æцæгæй дæр цард æви нæ.

Къарол Артур. Чарльз Эрнест Батлер (1903)

Валлийаг ном «Arthur» æвæццæгæн фæзынди дыууæ дзырды иукæныны: «arth»-ы, кæцы нысан кæны «арс», «хъæбæтыр» æмæ «ythr»-ы, кæцы нысан кæны «тæссаг».

Абайты Васомæ гæсгæ ном «Arthur» фæзынди рагон аллон хуыцауы номæй «Артхурон».[кæцæй ист у?] Уырдыгæй дæр йæ номы ис "h"-дæмгæ.

Литературæ

ивын

Рагон ратæдзæнтæ

ивын

Статьятæ

ивын