Къасарагом
(Къасара-æй æрвыст)
- Тырсыгомы нарæджы тыххæй кæс Хъасара.
Къасарагом кæнæ Къасара (уырыс. Кассарское ущелье; гуырдз. კასრისხევი) у Цæгат Ирыстоны Алагиры районы ком. Ис Буронæй Зæрæмæджы ’хсæн. Къасарагом æдзæрæг у. Къасарагомыл цæуы Уæлладжыры фæндаг.
Къасарагом | |
---|---|
Картæ | |
Буронæй Зæрæмæджы ’рдæм æртæ километры æрбацæугæйæ рахизырдыгæй ис иу ком, хуыйны Сидæныком. Ис дзы Мыкалгабыры кувæндон. Иутæ йæ хонынц Къасарайы Мыкалгабыр, иннæтæ — Зæрæмæджы Мыкалгабыр. Ардæм Зæрæмæджы цæрджытæ алы аз дæр цыдысты стыр куывды бадынмæ.[1]
Этимологи
ивынКомы дæргъ у 14 км æмæ дуарау нарæг кæй у, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой къæсæр æмæ дзы рауад Къæсæры — Къасарайы ком.[1]