Къелойтæ (уырыс. Келоевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Фыдæй фыртмæ цы таурæгъ уыд ацы мыггаджы тыххæй, уымæ гæсгæ Дыгуры комы, Куссуйы цæрæг Къелойты мыггаджы мад уыд цæцæйнаг Къелойты чызг Фатимæ. Фатимæйы бинонтæ, дам, Цæцæны кæимæдæр фæтуджджын сты, æмæ уый тасæй Фатимæ йе ’фсымæртимæ ралыгъди сæ хъæуæй Дыгуры коммæ, Куссуйыхъæумæ. Куссуйы хо æмæ æфсымæрты бауазæг кодтой Хъантемырты æлдæрттæй иу бинонтæ. Уыдонмæ цардысты, куыстой сын. Цас фæцардысты афтæ, уый ничи зоны, фæлæ, дам, хæдзары хицауæн йæ ус куы амард, уæд дыккаг усæн ракуырдта Фатимæйы. Райгуырд сын æртæ фырты: Айтег, Хъазибек æмæ Алибек. Ацы æртæ лæппуйы Хъантемырты хæдзары слæгтæ сты. Уый фæстæ æфсымæртæ æмæ сæ мад цæмæдæр гæсгæ рахицæн сты æмæ хицæн бинонтæй цардысты Куссуйы. Æфсымæртæн кæд сæ фыд Хъантемыртæй уыд, уæддæр хицæнæй цæргæйæ сæ мыггаг скодтой сæ мады мыггагæй — Къелойтæй. Афтæмæй Куссуйыхъæуы дæр фæзынд Къелойты мыггаг. Æфсымæртæн фæзынд цæуæт, цæуæты цæуæт.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 87.