Хъантемуртæ
Хъантемуртæ (уырыс. Кантемировы, тур. Kandemir[1]) сты дыгурон мыггаг.
Равзæрд
ивынXVIII æнусы Дыгуры ком дих кодта дыууæ тыхджын мыггагыл: Цæргæсатæ æмæ Бадилатæ. Цæргæсаты фыдæл Цæргæсæн уыд æртæ фырты: Хъантемыр, Хъарабугъа æмæ Таймаз. Хъантемыры номæй фæзынд Хъантемыраты мыггаг. Хъарабугъайæн уыд фондз фырты, сæ нæмттæй рауадысты мыггæгтæ: Хъарабугъатæ, Тегкатæ, Хъайтыхътæ, Къулитæ, Сосрантæ. Таймазы номæй фæзынд мыггаг — Таймазтæ. XVIII æнусы астæу Хъантемыратæй 20 хæдзарæй фылдæр алыгъди Дыгурæй Дæргъæвсмæ.[2]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Ныхас Фыдыбæстæимæ / сост. Р.С. Кантемирова; наукон ред. Джусойты Нафи — Дзæуджыхъæу: Ир, 2016 — 263 ф.
- ↑ Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 135.