Ленины халагъуыд у Бетъырбухы æдде музей, Ленин 1917-æм азы сæрды Рæстæгмæ хицауадæй куы æмбæхсти, уыцы цауты тыххæй.

Ленины халагъуыды бынат

1917-æм азы 3-4 июлы демонстрацийы фæстæ Рæстæгмæ хицауад бардзырд скодта, большевикты партийы цыппор раззагдæр архайæджы цæмæй ахст æрцæуой. 5—9 июлы Владимир Ленин æмбæхсти Петрограды, уый фæстæ та ацыдис Разливмæ, хосдзауау йæхи акодта, афтæ.

Августы, хосгæрдæн куы фæци, Разливы баззайын тæссаг сси — æмæ уæд Ленин ацыдис Финляндимæ.

Октябры социалистон революцийы дæс азы куы сæххæст ис, 1927-æм азы Ленины халагъуыды ран сарæзтой гранитæй конд цырт (йæ автор — архитектор А. Гегелло). Цыртыл ныффыстæуыд: «1917-æм азы июль æмæ августы дæргъы дунеон Октябры раздзог кæм æмбæхсти, йæ чиныг „Паддзахад æмæ революци“ кæм фыста, уый мысынæн уыцы ран сарæзтам мах гранитæй конд халагъуыд. Ленины сахары кусджытæ. 1927-æм аз».

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Халагъуыды цур уыдис фронты хахх. Уыцы ран советон æфсæддонтæ ард хордтой Фыдыбæстæйæн иузæрдыгддзинады тыххæй.

1964-æм азы гранитын цырты цур сарæзтой ног павильон-музей, В. Д. Кирхогланийы проектмæ гæсгæ.

Ныр дæр музейон комлекс у паддзахадæй хъахъхъæд объект.

Æддаг æрмæг

ивын