Локомотив (клуб, Дзæуджыхъæу)

Спортклуб «Локомотив» у спорты бæстыхай Дзæуджыхъæуы Марковы уынджы, Вагæттæ цалцæггæнæн заводы цур.

«Локомотив», 2008 азы декабры ист къам

Бирæ азты дæргъы разамынд ын дæтты Габысаты Ибрагимы фырт Хъамболат, спорты мастер, УСФСР-йы сгуыхт тренер, ЦИ АССР-йы физикон культурæйы сгуыхт кусæг.

Йæ рæстæджы «Локомотив»-мæ, баскетболы секцимæ, цыд Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз; РЦИ-Аланийы фæсивæды, физкультурæ æмæ спорты хъуыддæгты фæдыл министр Челæхсаты Рустем; республикæйы уæгъдибар хъæбысхæсты иугонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Марик æмæ æндæр зындгонд адæм.