Лолатæ
Лолатæ[1] кæнæ Лолотæ[1], Лолойтæ[1] (уырыс. Лолаевы, Лолоевы, гуырдз. ლოლაძე, ლოლაშვილი, ლოლოშვილი) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
ивынТаурæгъмæ гæсгæ, Лолаты мыггаг равзæрд Уæлладжыры комы, Дæйыхъæуы. Лолатæ сты Ос-Бæгъатыры къабазæй, Уырызмæгæй равзæргæ. Лолатæн Дыгургомы цæрджытæй хæстæг æрвадæлтыл нымад цæуынц: Габетæ, Дзайнухътæ æмæ Уазитæ. Ацы мыггæгтæ дæр фæзындысты Дæйыхъæуы, сты Уырызмæгæй равзæргæ мыггæгтæ.
Лолаты мыггаг Дыгургоммæ кæд æмæ цæмæ гæсгæ æрбафтыд, уый ничи зоны, фæлæ Стыр Дыгуры рагæй кæй цæрынц, уымæн æвдисæн сты сæ цæрæнбынæттæ. Лолатæ уырдыгæй фæлыгъдысты быдыры хъæутæм.[1]
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 1,2 1,3 Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.