Люксембург, Розæ
Розæ Люксембург (нем. Rosa Luxemburg, пол. Róża Luksemburg, æцæг ном уыдис Rosalia Luxenburg — Розали Люксенбург; райгуырдис 1871-æм азы 5 мартъийы — амардис 1919-æм азы 15 январы Берлины) уыдис Германы революционеркæ, европæйаг коммунистон змæлды зынгæдæр уæнгтæй иу.
Розæ Люксембург | |
---|---|
пол. Róża Luksemburg | |
Райгуырды датæ | 1871-æм азы 5 мартъийы[1][2][…] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1919-æм азы 15 январы[3][1][…] (47 азы) |
Мæлæты бынат | |
Æмбæстонад | |
Куысты мыггаг | политик, философ, революционер, экономист, журналист, редактор, политикон теоретик, ботаникон коллекционер, магистр экономики, публицист, редактор, доцент |
Ахуырад | |
Ахуырадон къæпхæн | политикон зонæдты доктор[d] |
Дин | атеизм[d] |
Парти | |
Автограф | |
Викикъæбицы медиа |
Люксембург райгуырдис 1870 азы (æндæр верситæм гæсгæ 1871-æм) 5 мартъийы Уæрæсейы империйы сконды чи уыдис, уыцы Польшæйы Люблинæй скæсæнырдæм цы сахар Замостье (Zamość) ис, уым. Уый уыд дзуттаг сæудæджеры бинонты фæндзæм сывæллон. Каст фæци Варшавæйы чызджыты гимназ, ахуыр кодта хорз.
Розæйы зондахаст фæстæдæр зындгонд сси куыд люксембургизм. Йæ зындгонддæр цитатæтæй иу у, Уæрæсейы революцийы тыххæй кæй ныффыста, ахæм: «Сæрибар æдзухдæр у, æндæр хуызы чи хъуыды кæны, уыдоны сæрибар».
Розæ Люксембурджы кадæн хуыйны Дзæуджыхъæуы историон центры уынгтæй иу.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Rosa Luxemburg // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ Itaú Cultural Rosa Luxemburgo // Enciclopédia Itaú Cultural (порт.) — São Paulo: Itaú Cultural, 2001. — ISBN 978-85-7979-060-7
- ↑ 3,0 3,1 Люксембург Роза // Большая советская энциклопедия (уырыс.): [в 30 т.] / под ред. А. М. Прохорова — 3-е изд. — Москва: Советская энциклопедия, 1969.
- ↑ 4,0 4,1 4,2 http://library.fes.de/cgi-bin/ihg2pdf.pl?vol=2&f=135&l=136 (нем.)
- ↑ 5,0 5,1 Каталог Немецкой национальной библиотеки (нем.)