Мæрзахъултæ (уырыс. Марзакуловы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд ивын

Фæснæлыхъæуы мыггæгтæй Мæрзахъулты мыггаг фæзынд æппæты фæстæдæр. Ацы мыггаджы равзæрды тыххæй ис ахæм хабар, зæгъгæ, дам, ацы хъæуæй Катаутæй иу чызг æрцыд Хæнæзыхъæуккаг Гæматæй иу лæгмæ. Райгуырд сын фырт Мæрзахъул. Лæппуйæн йæ фыд амард æмæ Катауты чызг йæ фыртимæ йæ цæгатмæ сыздæхт. Гæматæ ацы хъуыддаг сæ сæрмæ нæ хастой æмæ сывæллоны Катаутæй куырдтой, фæлæ сын æй нæ радтой. Уæд æй адавтой, фæлæ та йæ мад фæстæмæ ракодта. Уæд хъуыддаг радтой Ныхасы тæрхонмæ. Ныхасы уынаффæмæ гæсгæ, лæппу баззад Фæснæлы йæ мадимæ. Мæрзахъул Катаутæм схъомыл, бинонтæ æрхаста, мыггаг райста йæхи номæй — Мæрзахъултæ. Йæ фырттæ уыдысты: Хъацæма æмæ Къостан.[1]

Фиппаинæгтæ ивын

  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — Ф. 95.