Магкæтæ[1][2] кæнæ Маккæтæ[2], Маккатæ[1][2], Магкатæ[2] (уырыс. Магкаевы, Макаевы[2]) сты ирон мыггаг. Ирон Магкæтæ дыгуры схуыдтой Магкитæ.[3]

Магкæтæ сты Туалгомæй рацæугæ ирæттæ. Се ’рвадæлтæ сты Танделатæ, Тегкатæ æмæ Дзоттæ.

Магкæты зындгонддæр лæг уыдис Магкæты Зураб. Уый уыдис Ирыстоны минæвар Уæрæсейы. Зураб йæ тых æмæ бонæй Иры бæстæ Уæрæсеимæ баиу кодта.

Фиппаинæгтæ ивын

  1. 1,0 1,1 Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005
  2. 2,0 2,1 2,2 2,3 2,4 Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон ирон мыггагон нæмтты тыххæй. Ирон мыггæгты иууон номхыгъд
  3. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005, ф. 117.