Магометов, Александр Амары фырт

Александр Амары фырт Магометов (уырыс. Абдулмаджид Омарович Магомедов, дарг. Гӏямарла урши Гӏябдулмажид; райгуырдис Кубачийы 1917-æм азы — амардис 2004-æм азы 17 июны Тбилисы) у Гуырдзыстоны лингвист, даргинаг æмæ лекъаг æвзæгты специалист, кавказзонынады истори иртасæг. Йæ адæмыхаттмæ гæсгæ у даргинаг.

Александр Амары фырт Магометов
Райгуырды датæ 1917
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 2004-æм азы 17 июны(2004-06-17)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн филологон зонæдты доктор[d]
Зонадон разамонæг Чикобава, Арнольд Степаны фырт
Хорзæхтæ æмæ премитæ
медаль «За доблестный труд в Великой Отечественной войне 1941—1945 гг.»

Магометов у филологон зонæдты доктор (1965), профессор, Дагъистан æмæ Гуырдзыстоны зонады сгуыхт кусæг.

Цардафыст

ивын

Суинаг ахуыргонд райгуырдис Кубачийы, ныртæккæ у Дагъистаны Дахадаевы районы, фæлæ йæ царды фылдæр хай цардис Гуырдзыстоны.

Йæ ахуырмæ гæсгæ инженер, 1940-æм азы каст фæцис Гуырдзыстоны индустрион институт. Кусын райдыдта Воронежы, хæдтæхджытæ чи уагъта, уыцы заводы; Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг йæ куыстуатимæ ацыдис Хъазанмæ. Хæсты фæстæ йæ цард раивта Арнольд Чикобаваимæ фембæлд, кæцы Магометовмæ хонæг арвыста, Тбилисы уæд цы Æвзагзонынады ног институт байгом кодта, уырдæм. 1945—48 азты ахуыр кодта институты аспирантурæйы, 1948-æм азы бахъахъхъæдта гуыбецаг æвзаджы тыххæй филологон зонæдты кандидаты диссертаци. 1948-æм азæй куыста «хæххон ибериаг-кавказаг æвзæгты» хайады уыцы институты, 1968-æм азæй ма ахуыр кодта кавказаг æвзæгты кафедрæйы студентты Тбилисы паддзахадон университеты.

1950-æм — 1960-æм азты куыста кæрæдзимæ хæстæг лекъаг æвзæгтæтабасарайнаг æмæ агъулаг — сфыссыныл. Сæ дыууæйы тыххæй дæр рухс федтой фундаменталон монографитæ, ис дзы тексттæ алыхуызон диалекттыл. Табасарайнаг æвзаджы афыст Александр Магометов бахъахъхъæдта куыд докторы диссертаци (1965). Уый йеддæмæ бацæттæ кодта П. К. Услары табасарайнаг æвзаджы грамматикæ æмæ йæ рауагъта джыппæй 1979-æм азы йæхи фиппаинæгтæ æмæ уæлæмхасæнтимæ. Уыцы иу аз А. А. Магометов рауагъта Услары цардафыст дæр.

Ахуыргонды хо Манаба Магомедова сси зындгонд згъæрыл нывгæнæг.

Ахуыргонды сæйраг куыстытæ

ивын
  • Магометов А. А. Кубачинский язык: Исследование и тексты. Тбилиси, 1963.
  • Магометов А. А. Табасаранский язык: Исследование и тексты. Тбилиси, 1965.
  • Магометов А. А. Агульский язык: Исследование и тексты. Тбилиси, 1970.
  • Магометов А. А. П. К. Услар — исследователь дагестанских языков. Махачкала, 1979.
  • Магометов А. А. Мегебский диалект даргинского языка: Исследование и тексты. Тбилиси, 1982.

Йæ царды тыххæй

ивын
  • Сулейманов Н. Дж. Александр Амарович Магометов (1917—2004) // Проблемы общего и дагестанского языкознания. Вып. 2. Махачкала, 2004.