Чикобава, Арнольд Степаны фырт
Арно́льд Степа́ны фырт Чикоба́ва (гуырдз. არნოლდ სტეფანეს ძე ჩიქობავა; райгуырдис 1898-æм азы 14 (26) мартъийы, Сачикобавойы хъæуы, Кутаисы губернæйы — амардис 1985-æм азы 5 ноябры) — советон гуырдзиаг лингвист, филологион зонæдты доктор, Гуырдзыстоны ССР-йы Зонæдты академийы академик (1941).
Арнольд Степаны фырт Чикобава | |
---|---|
гуырдз. არნოლდ სტეფანეს ძე ჩიქობავა | |
Райгуырды датæ | 14 (26) мартъийы 1898 |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1985-æм азы 5 ноябры (87 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Зонады къабаз | ӕвзагзонынад, филологи æмæ кавказзонынад |
Куысты бынат | |
Альма-матер | |
Ахуырадон къæпхæн | филологон зонæдты доктор[d] |
Хорзæхтæ æмæ премитæ | |
Къухфыст | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивын1922-æм азы Чикобава каст фæцис Тбилисы паддзахадон университет (университеты фыццаг рауагъд). Кусын райдыдта университеты, уыдис дзы доцент (1926—1933) æмæ профессор (1933—1985), къорды азы (1933—1960) разамынд лæвæрдта кавказаг иртæстыты кафедрæйæн. Уый йеддæмæ ма куыста ибериаг-кавказаг æвзæгты хайады сæргълæууæгæй, Гуырдзыстоны Зонæдты академийы Æвзагзонынады институты (1936—1985). Цыбыр рæстæг ма акуыста уыцы институты директорæй дæр (1950—1952), ныртæккæ институт хæссы Чикобавайы ном.
1941-æм азы, Гуырдзыстоны ССР-йы Зонæдты академи куы фæзындис, ссис йæ уæнг, 1950—1963 азты та — президиумы уæнг.
Чикобава у Кавказы æвзæгты тыххæй бирæ публикацитæ æмæ дзырдуæтты автор. Уый хæцыдис «ибериаг-кавказаг» æвзæгты хæстæгдзинады теорийы фарс, ома уырныдта йæ, картвелаг, абхазаг-адыгаг æмæ нахаг-дагъистайнаг æвзæгтæн сæ фыдæл-æвзаг иу кæй уыдис, уый (нырыккон ахуыргæндтæй сæ фылдæр нал хъуыды кæнынц афтæ æмæ уыцы æртæ къорды нымайынц хицæн æвзæгты мыггæгтыл). Уыд «Ибериаг-кавказаг æвзагзонынады æрвылазон»-ы редактор (уагъд цыдис 1974-æм азæй).
Чикобава уыд, Н. Я. Марры «æвзаджы тыххæй ног теорийы» ныхмæ æнувыдæй чи тох кодта, уыдоны ’хсæн. Йæ къухы бафтыдис Иосиф Сталинмæ фыстæг раттын, Гуырдзыстоны компартийы уылты. Сталин фæстæдæр фембæлдис Чикобаваимæ, æмæ уыцы фембæлды фæстиуæгæн райдыдта «Правда»-йы гом дискусси марризмы тыххæй, кæцы фæци Сталины фыстуацæй «Марксизм и вопросы языкознания» (Марксизм æмæ æвзагзонынады фарстатæ)[1], уый та советон зонады марризмы дуг æнустæм сæхгæдта.
Уыцы хабарæй Чикобава сси зындгонддæр советон лингвисттæй иу, бирæ студенттæ 1950-æм азты ахуыр кодтой йæ чиныг «Введение в языкознание» (1952)[2] гæсгæ.
Чикобавайы ингæн ис Тбилисы университеты парчы.
Йæ ном хæссынц
ивынЧикобавайы ном хæссы Тбилисы Æвзагзонынады институт[3]. Тбилисы цы хæдзары цардис, уый къулыл сæвæрдтой номарæн фæйнæг.
Сæйрагдæр куыстытæ
ивынМонографитæ
ивын- «Проблема простого предложения в грузинском языке» (1928; 2-е изд. 1968);
- Грамматический анализ чанского (лазского) диалекта с текстами. Тб., 1936;
- «Чанско-мегрельско-грузинский словарь» (1938);
- «Проблема эргативной конструкции в иберийско-кавказских языках» (1948);
- Введение в языкознание. 2-е изд. М., 1953. Ч. 1;
- Проблема языка как предмета языкознания. М., 1959;
- «Аварский язык» (1962, в соавт. с И. Церцвадзе);
- «История изучения иберийско-кавказских языков» (1965);
- «Проблемы родства иберийско-кавказских языков». Махачкала, 1965;
- «Введение в иберийско-кавказское языкознание» (1979)
Фыстуацтæ
ивын- А. С. Чикобава. Основные тенденции развития синтаксического механизма простого предложения в грузинском языке, II, Сообщения АН Груз. ССР, т. II, № 6, 1941;
- А. С. Чикобава. Пермансив и место, занимаемое им в истории спряжения грузинского глагола, там же, т. IV, № 1, 1943
- А. С. Чикобава. Несколько замечаний об эргативной конструкции, в сборнике «Эргативная конструкция предложения», 1950
Литературæ
ивын- Магометов А. А., Кизириа А. И. А. С. Чикобава // Известия АН СССР. Сер. литературы и языка. 1986. Т. 45. № 2.
Æддаг æрмæг
ивын- Арнольд Чикобава. Биобиблиография, Тбилиси, 1979 на сайте Национальной академии наук Грузии
- Arnold Chikobava Institute of Linguistics of the Georgian Academy of Sciences Архивгонд æрцыдис 3 мартъийы 2016 азы.
- Чикобава А. О философских вопросах языкознания
- Чикобава А. Язык и «теория языка» в философии и лингвистике
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ Уыцы статья уырыссагау æмæ иронау гуырдзиаг дамгъæтæй
- ↑ Ацы чиныг
- ↑ Институты сайт(æнæбаххæсгæ æрвитæн)