Малитæ (уырыс. Малиевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Малиты мыггаг æрцыд Асыйæ. Сæ фыдæл хуынд Æхсакъ. Æрцард Толдзгуны хъæуы. Райгуырд ын дыууæ фырты — Сох æмæ Берди. Сохы цæуæтæй рацыдысты Бузойтæ æмæ Гардантæ. Таурæгъмæ гæсгæ, Малитæ, Бæлойтæ, Бузойтæ, Гардантæ нымад сты æрвадæлтыл. Сæ райдиан мыггаг уыд Малитæ, цардысты Дыгургомы. Моски хъæуы Малийæн уыд æртæ фырты: Бæло, Бузо æмæ Гардан. Адонæй Бало æрцард Æхсæрджыны, Бызо — Æхсæуы, Гардан та Цыколайы. Ацы æфсымæрты нæмттæй равзæрдысты мыггæгтæ: Бæлойтæ, Бызойтæ æмæ Гардантæ, абоны онг дæр сты æрвадæл мыггæгтæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.