Марадона, Диего Армандо

Дие́го Арма́ндо Марадо́на (исп. Diego Armando Maradona, испайнагау зæлы куыд: [ˈdjeɣo maɾaˈðona]; райгуырдис 30 октябры 1960, Ланусы, провинци Буэнос-Айрес, Аргентинæ) — аргентинаг футболист, хъазыдис куыд размæбырсæг, бырсæг æрдæгхъахъхъæнæг. Хъазыдис клубтæ «Архентинос Хуниорс», «Бока Хуниорс», «Барселонæ», «Наполи», «Севилья» æмæ «Ньюэллс Олд Бойз»-ы сконды. Аргентинæйы иугонд командæйы сконды ахъазыдис 91 хатты æмæ дуармæ бакодта 34 голы.

Футбол
Диего Марадона
Иумæйаг информаци
Æнæхъæн ном Диего Армандо Марадона
Фæсномыг Сызгъæрин лæппу[1]
Райгуырдис 1960-æм азы 30 октябры(1960-10-30)[2][3][…]
Амардис 2020-æм азы 25 ноябры(2020-11-25)[4] (60 азы)
Æмбæстонад
Ас 165 см
Уæз 70 кг
Позици æрдæгхъахъхъæнæг, размæбырсæг
Фæсивæдон клубтæ
1970—1976 Аргентинæ Архентинос Хуниорс
Клубон карьерæ
1976—1981 Аргентинæ Архентинос Хуниорс 166 (116)
1981—1982 Аргентинæ Бока Хуниорс 42 (28)
1982—1984 Испани Барселонæ 36 (22)
1984—1991 Итали Наполи 188 (81)
1992—1993 Испани Севилья 26 (5)
1993 Аргентинæ Ньюэллс Олд Бойз 5 (0)
1995—1997 Аргентинæ Бока Хуниорс 30 (7)
1976—1997 Всего за карьеру 492 (258)
Национ иугонд командæ
1977—1979 Аргентинæ Аргентинæ 24 (13)
1977—1994 Аргентинæ Аргентинæ 91 (34)
Тренеры карьерæ
1994 Аргентинæ Текстиль Мандию[en]
1995 Аргентинæ Расинг (Авельянедæ)
2008—2010 Аргентинæ Аргентинæ
2011—2012 Араббы Иугонд Эмираттæ Аль-Васл
2017—2018 Араббы Иугонд Эмираттæ Аль-Фуджайра
2018—2019 Мексикæ Дорадос
2019 Аргентинæ Химнаси (Ла-Плата)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Марадона у 1986-æм азы дунейы чемпион, 1990-æм азы дунейы вице-чемпион, цыппар дунейы чемпионатты архайæг. Уый йеддæмæ хæссы Хуссар Америкæйы хуыздæр футболисты кадджын ном (1979, 1980). Аргентинæйы чемпион клуб «Бока Хуниорс»-ы сконды, «Наполи»-йы та куы хъазыдис, уæд дыууæ хатты сси Италийы чемпион дæр.

Марадона у сахар Буэнос-Айресы[6] кадджын гражданин. Йæ ном хæссы клуб «Архентинос Хуниорс»-ы ног стадион (гом æрцыдис 2003-æм азы декабры). 2005-æм азы Марадона райста Аргентинæйы сенаты Фаустино Сармиэнтойы номыл преми.

Марадона йæ хъазæджы карьерæ куы фæци, уæд куыста телекомментаторæй Аргентинæ æмæ Италийы. Иуæй-иу киноты дæр ахъазыдис рольтæ.

2008-æм азы октябрæй 2010-æм азы июлы онг Марадона куыста Аргентинæйы иугонд командæйы сæйраг тренерæй.

Марадонайы сабибонтæ

ивын
 
Марадона 1970-æм азы

Диего Армандо Марадона райгуырдис 1960 азы 30 октябры 5 сахатыл, уыдис хуыцаубон. Уый райгуырдис сахар Ланусы, Буэнос-Айресы цур, кусæг бинонты ’хсæн — йæ фыд куыста Тритумолы куыройы, йæ мад та, Дальмы Сальвадоры Франко, кастис йæ сывæллæттæм хæдзары. Марадона сси йæ ныййарджыты фæндзæм сывæллон, фæлæ сæ фыццаг лæппу: йæ разæй райгуырдысты цыппар хойы, Ритæ, Анæ, Эльзæ æмæ Мария[7].

Нарсисо Бинаньянайы иртастæм гæсгæ[8], Марадонайы мыггаджы уидæгтæ сты Италийы, суанг ма Марко Полоимæ баст сты[9][10]. Йæ фыдæлты ’хсын уыдысты хорватæгтæ дæр[11].

Дæс мæйы йыл куы цыдис, уæд базыдта цæуын. Йæ сабибонтæй згъордта пуртиимæ, фæлæ цы хъазт хъазыди йе ’мбæлттимæ, уый футбол нæ уыдис[7].

Марадонайыл авд азы куы цыдис, йæ хæстæг Бето йын балæвар кодта æцæг пурти[7]. Диегойы зæрдæмæ афтæ тынг фæци ацы лæвар, æмæ суанг ма фынæй кодта пуртиимæ. Ацы пуртийæн стыр аргъ кодта æмæ æнæхъæн зымæджы дæргъы кæртмæ йæ нæ хаста, иуæй-иу хатт ахъазыд хæдзары цур йæ хотимæ[7].

Футболы йæ фыццаг къахдзæфтæ куы кодта, йæ уарзондæр позици уыдис либеро (уæгъдибар хъахъхъæнæг). Сахатгай уый хъазыдис иннæ лæппутимæ «Авд фæзы» ран, азтæ куы цыдысты, афтæмæй Диего йæ ныфс арæхдæр хаста размæ бырсыныл[12]. Фæстæдæр уый сси йæ кæрты хуыздæр хъазджытæй иу, æмæ æндæр скъоладзæуты фæндыди цæмæй семæ хъаза иу коммандæйы. Йæ скъолайы цы командæ уыдис, уый мидæг дæр хъазын райдыдта[7]. Йæ фыды фæндыди цæмæй Диего хуыздæр ахуыр кæна, æмæ иуæй-иу хатт гыццыл Диегойы нæ уагътой хъазынмæ. Йæхæдæг куыд мысы, ахæм бонты-иу фæкуыдта дзæвгæр рæстæг. Йæ ныййарджыты тыххæй бирæ хорз ныхæстæ фæзæгъы, иу хатт загъта: «Мæ ныййарджытæ мæхицæй мæй куы курой, уæд мæ бон цы уа, уый скæндзынæн цæмæй сын раттон мæй. Æмæ уый ницы уаид, уыдон мæн тыххæй цас сарæзтой, уыимæ абаргæйæ»[9].

Марадонайы карьеры статистикæ

ивын

Диего Марадонайы статистикæй æтмкæй райсгæ[13]:

Клубтæ

ивын
Клуб Сезон Лигæ Лигæ Хъалац Континенталон Иннæ Æдæппæт
Хъæзтытæ Голтæ Хъæзтытæ Голтæ Хъæзтытæ Голтæ Хъæзтытæ Голтæ Хъæзтытæ Голтæ
Архентинос Хуниорс 1976 Фыццаг дивизион 11 2 0 0 13 2
1977 Фыццаг дивизион 49 19 0 0 49 19
1978 Фыццаг дивизион 35 26 0 0 35 26
1979 Фыццаг дивизион 26 26 0 0 26 26
1980 Фыццаг дивизион 45 43 0 0 45 43
Æдæппæт 166 116 0 0 0 0 0 0 166 116
Бока Хуниорс 1981 Фыццаг дивизион 40 28 0 0 40 28
Барселонæ 1982–83 La Liga 20 11 5 3 4 5 6 4 35 23
1983–84 La Liga 16 11 4 1 3 3 23 15
Æдæппæт 36 22 9 4 7 8 6 4 58 38
Наполи 1984–85 Serie A 30 14 6 3 36 17
1985–86 Serie A 29 11 2 2 31 13
1986–87 Serie A 29 10 10 7 2 0 41 17
1987–88 Serie A 28 15 9 6 2 0 39 21
1988–89 Serie A 26 9 12 7 12 3 50 19
1989–90 Serie A 28 16 3 2 5 0 36 18
1990–91 Serie A 18 6 3 2 4 2 1 0 26 10
Æдæппæт 188 81 45 29 25 5 1 0 259 115
Севилья 1992–93 La Liga 26 5 3 1 29 6
Newell's Old Boys 1993–94 Фыццаг дивизион 5 0 5 0
Бока Хуниорс 1995–96 Фыццаг дивизион 24 5 24 5
1996–97 Фыццаг дивизион 1 0 1 0 2 0
1997–98 Фыццаг дивизион 5 2 5 2
Æдæппæт 70 35 0 0 0 0 1 0 71 35
Æдæппæт карьерæйы 492 259 57 34 32 13 8 4 590 310
  • Рæстæмбис нымадæй иу хъазты мидæг Марадона бакуырдта 0,526 голы.[14]

Аргентинæйы иумæйаг командæ

ивын
  • Марадона цыппар дунейы чемпионаты рæстæг хъазыдис 21 хъазты (1982, 1986, 1990, 1994)
  • Командæйы капитанæй фæзмæ рацыдис 16 хатты.
Аргентинæйы иугонд командæ
Аз Хъæзтытæ Голтæ
1977 3 0
1978 1 0
1979 8 3
1980 10 7
1981 2 1
1982 10 2
1983
1984
1985 10 6
1986 10 7
1987 6 4
1988 3 1
1989 7 0
1990 10 1
1991
1992
1993 4 0
1994 7 2
Æдæппæт 91 34

Политикæ

ивын

Марадона уарзы Кубæ æмæ Фидель Кастройы. Йæ автобиографион чиныг «Эль Диего»-йæ ссардта Кастройы ном[15].


1986-æм азы ФИФА-йы дунеон чемпионаты рæстæг Англисы командæйы ныхмæ хъазгæ йæ къухæй бакъуырдта иу гол, фæлæ тæрхонгæнæг йæ нæ бафиппайдта. Асиф Кападиайы 2019-æм азы документалон фильмы йæхæдæг куыд радзырдта, тынг хорз зыдта, уыцы гол йæ къухæй кæй бакъуырдта, уый. Фæлæ не схъæр кодта йæ къухы кой уый тыххæй æмæ уыцы голæй раст цыма йæ маст систа англисæгтæй Мальвины сакъадахтыл хæсты тыххæй[16]. Марадонайы ацы гол зындгонд сси куыд «Хуыцауы къух» (исп. La mano de Dios).

Литературæ

ивын
  • Выборнов Ю. В., Горанский И. В. Марадона, Марадона…. — Физкультура и спорт, 1989. — Т. 1. — 192 с. — (Звезды зарубежного спорта). — ISBN 5278001860.
  • Марадона Д. А., перевод Юнгер М. Диего Армандо Марадона. О себе о футболе и не только = Yo soy el Diego. — Москва: АСТ и У-Фактория, 2010. — Т. 1. — 320 с. — 4000 экз. — ISBN 9785170592685.
  • Dini, Vittorio, Oscar, Nicolaus. Te Diegum. — Leonardo, 1991. — ISBN 9788835510598.
  • Burns, Jimmy. La mano de Dios. — Неаполь: El País — Aguilar, 1996. — ISBN 9788441321021.
  • Sergio Levinsky. Diego Armando Maradona. Una vita presa a calci. — Ареццо: Limina, 1997. — ISBN 88-86713-32-0.
  • Maradona, Diego Armando. Yo soy el Diego. — Planeta, 2001. — ISBN 9871144628.
  • Dini, Vittorio, Oscar, Nicolaus. Te Diegum. — Sudamericana, 2001. — ISBN 9500720159.
  • Massimo Mauro, Luca Argentieri. Ho giocato con tre geni. Zico, Platini, Maradona. — Милан: Baldini Castoldi Dalai, 2001. — ISBN 9788884900807.
  • Francisco Cornejo. Ho scoperto Maradona. Il giovane Diego raccontato dal suo primo allenatore. — Ареццо: Limina, 2004. — ISBN 88-88551-37-9.
  • Emanuela Audisio. Il ventre di Maradona. Storie di campioni che hanno prestato il corpo allo sport. — Милан: Mondadori, 2007. — ISBN 9788804568490.
  • Manuel Parlato. Da Maradona a De Laurentiis. — Ареццо: Limina, 2009. — ISBN 9788860410306.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. https://footballclassic.ru/igroki/diego-maradona/
  2. Diego Maradona // Transfermarkt (цалд.) — 2000.
  3. Diego Maradona // FBref.com (цалд.)
  4. Diego Maradona // https://autority.snk.sk/cgi-bin/koha/opac-authoritiesdetail.pl?marc=1&authid=200320
  5. https://www.clarin.com/zonales/conmocion-country-murio-maradona-recibimos-vecino-_0_JQopO_t9U.html
  6. Марадона Д. А., перевод Юнгер М. Yo soy el Diego. — Т. 1. — ISBN 9785170592685.
  7. 7,0 7,1 7,2 7,3 7,4 Выборнов Ю. В., Горанский И. В. Марадона, Марадона…. — Физкультура и спорт. — Т. 1. — 192 с. — (Звезды зарубежного спорта). — ISBN 5278001860.
  8. Des racines aristocratiques pour Maradona(фр.). RDS.ca (12 septembre 2002). Датæ: 2018-æм азы 14 декабры.
  9. 9,0 9,1 Игорь Гольдес. Великий и ужасный(недоступная ссылка). журнал «Весь футбол» (21 январы 2003). Датæ: 2010-æм азы 13 апрелы. Архив 2012-æм азы 17 июны.
  10. Потомок Марко Поло. Спорт-Экспресс (27 сентябры 2002). Датæ: 2010-æм азы 9 апрелы.
  11. Biography of Diego Armando Maradona(англ.)(недоступная ссылка). new-dimension-software.com. Датæ: 2010-æм азы 21 майы. Архив 2011-æм азы 31 январы.
  12. Двуличный гений: Диего Армандо Марадона. euro-football.ru (12 апрелы 2006). Датæ: 2010-æм азы 9 апрелы. Архив 2011-æм азы 31 январы.
  13. Club Statistics. expertfootball.com (archived)
  14. "Special Debate: Lionel Messi vs Diego Maradona – So Who Is Better?". Goal.com. Retrieved 19 November 2013
  15. Maradona, Diego. El Diego / Diego Maradona, Daniel Arcucci, Ernesto Cherquis Bialo. — London : Yellow Jersey, 2005. — ISBN 0-224-07190-4.
  16. Dawnay, Oliver Argentina legend Diego Maradona says ‘Hand of God’ goal against England was ‘symbolic revenge’ for the Falklands War. Talksport (6 June 2019). Датæ: 2020-æм азы 19 январы.