Испайнаг æвзаг

(Испайнагау-æй æрвыст)

Испайнаг æвзаг[1], вариант: испаниаг æвзаг[2] (español, castellano) у испайнæгты æвзаг. Дунейы тынг ныххæлиу и. Дзурджыты фылдæр хай цæрынц Хуссар æмæ Централон Америкæйы.

Испайнаг æвзаг
Хином español [espa'ɲol],
castellano [kaste'ʎano]
Бæстæтæ Испани, Латинаг Америкæ, АИШ
Официалон статус

Аргентинæ
Боливи
Венесуэлæ
Гватемалæ
Гондурас
Доминиканæйы Республикæ
Испани
Колумби
Костæ-Рикæ
Кубæ
Мексикæ
Никарагуæ
Панамæ
Парагвай
Перу
Пуэрто-Рико
Сальвадор
Уругвай
Чили
Эквадор
Экваториалон Гвиней

ЕЦ
Ныгуылæн Сахарæ (Марокко)

Нью-Мексико (АИШ)
Дзурджыты нымæц 385-450 млн
Рейтинг 2-4
Классификаци
Категори Евразийы æвзæгтæ
Индоевропæйаг æвзæгтæ
Ромайнаг æвзæгтæ
Иберо-ромайнаг æвзæгтæ
Фыссынад латинаг алфавит
Æвзаджы кодтæ
ISO 639-1 es
ISO 639-2 spa
ISO 639-3 spa
ГОСТ 7.75–97 исп 230
WALS spa
Ethnologue spa
Linguasphere 51-AAA-b
ABS ASCL 2303
IETF es
Glottolog stan1288
Википеди ацы æвзагыл

Испайнаг у ИНО-йы æхсæз официалон æвзагæй иу.

Испайнаг нæмттæ

ивын
Сæйраг уац: Испайнаг ном

Испайнаг традицимæ гæсгæ æххæст номы мидæг фыссынц æрмæст фыды мыггаг нæ, фæлæ мады мыггаджы ном дæр. Мойджын сылгоймæгтæ уыцы дыууæ мыггæгты фæстæ афтæуынц сæ лæджы мыггаг дæр (de раздзырдимæ, ирон гуырынон хауæны аналог). Зæгъæм, Никарагуæйы ус-президент Виолетæ Чаморройы æххæст ном у Виолетæ Барриос Торрес де Чаморро (Violeta Barrios Torres de Chamorro), ома йæ фыд Барриосы мыггагæй уыд, йæ мад — Торресы мыггагæй, йæ лæг та — Чаморройы мыггагæй.

Кæс ноджы

ивын

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Русско-Осетинский словарь. Составил В.И. Абаев. 25.000 слов. Государственное издательство иностранных и национальных словарей. Москва, 1950
  2. Ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуацийы æгъдæуттæ (Бакуыстой сыл Гыриаты Т., Тахъазты X., Гæбæраты Н., Дзодзыккаты 3., Боцуаты Е., Майрæмыхъуаты Ф., Куыдзойты А.) — Дзæуджыхъæу: Ир, 2004 — 80 с.