Поло, Марко
Ма́рко По́ло (итал. Marco Polo; 1254 азы 15 сентябры, Венеци — 1324 азы 8 январы, уый дæр уым) — италиаг сæудæджер æмæ бæлццон, йæ балцы истори Азийыл, равдыста зындгонд «Чиныг дунейы алыхуызондзинадыл». Уыцы чиныджы иуæй-иу уацты æцæгдзинад кæд дызæрдыггаг уыдысты йæ фæзындæй фæстæмæ, уæддæр у хъæздыг гуырæнау астæузаманты географийæн æмæ этнографийæн, Сомих, Иран, Китай, Мангол, Инди, Индонези æмæ æндæр бæстæты историйæн. Ацы чиныг XIV—XVI æнусты стыр тæваг скодта денджыздзутыл, картографтыл, фыссæгтыл. Растæй та Христофор Колумбы науыл уыди, йæ Инди агуырды фурдбалцы; æмæ иртасджыты хынцыдмæ гæсгæ дзы Колумб иу-70 бæрæджы фæнысан кодта.
Марко Поло | |
---|---|
итал. Marco Polo | |
Райгуырды датæ | 1254-æм азы 15 сентябры[1] |
Райгуырæны бынат | |
Мæлæты датæ | 1324-æм азы 8 январы[2][3] (69 азы) |
Мæлæты бынат | |
Бæстæ | |
Архайды хуыз | базаргæнæг, бæлццон-иртасæг, дипломат, минæвар, зæххыалварс балцыты хайадисæг, фыссæг, бæлццон, амалиуæгдар, мемуарист |
Фыд | Никколо Поло[d] |
Æмкъай | Доната Бадоер[d] |
Сывæллæттæ | Фантина Поло[d] æмæ Аньезе[d][4] |
Викикъæбицы медиа |
Равзæрд
ивынÆнхъæлдæуы, æмæ Марко Поло райгуырдис венециаг сæудæджер Николо Полойы хæдзары. Бинонтæ кодтой зæрингуырдон æмæ хæлцхъацæнты уæййаг. Маркойы райгуырды æвдисæнад кæй æрбайсæфт, йæ райгуырды фæткон верси гуырысхойаг сси XIX æнусы хорватаг иртасджытæй. Сæ ныхасмæ гæсгæ, Полоты бинонты фæзынд Венецийы хауы XIII æнусы дыккаг æмбисмæ, кæд æмæ, дам, суанг 1430 азмæ Полотæн уыди хæдзар Корчулæйы, ныры Хорватийы.
Уымæй уæлдай ма, ис æнæнымад иртасджыты фылдæрæй верси, æмæ, Марко Поло уыди полаг. Йæ чиныджы фыццаг рауагъды раззаг сыфыл "поло" уыди гыццыл дамгъæйæ фыст æмæ амоны нацимæ, мыггæгмæ нæ, фæлæ. Мыггаг та дзы дæлдæр цыди. Фæлæ хъуыддаг уый мидæг ис æмæ текс у иллустрацийы алывæрсты фыст, æмæ мыггаг, кæцы нæ цыди горизонталон рæнхъы номы цур, схызти вертикалоныл æмæ йæ уындмæ уадиссаг рахатæн нæ уыди, кæд æмæ стыр дамгъæйæ фыст уыди, уæддæр.
Уый сбæлвырдгæнæн ис титулон сыфы къам фенгæйæ. Мæнæ йæ текст: «Das ist der edel Ritter. Marcho polo von Venedig...» (ома «Ай у уæздан хотыхдар. Марк полаг фон Венедиг»). Æцæгæй дæр уыди ахæм бæлццон Бенедикт Польшæйаг. Полойы агъоммæ ма цыди Джованни Плано де Карпиниимæ Манголты империмæ æмæ ныууагъта цыбыргонд хроникæ «Кæстæр æфсымæрты балц тæтæрмæ».