Маслоу, Абрахам Харольд

А́брахам Масло́у[6] (англ. Abraham Maslow [ˈmæzloʊ]; райгуырдис 1908-æм азы 1 апрелы(19080401), Нью-Йорчы — амардис 1970-æм азы 8 июны, Менло-Парчы, Калифорни) у зындгонд америкаг психолог, гуманистон психологийы бындурæвæрæг. Хъуыстгонд сси «Маслоуы пирамидæ» — адæймаджы цы хъæуы, уый æвдисæг иерархион диаграммæ.

Абрахам Харольд Маслоу
англ. Abraham Maslow
Райгуырды датæ 1908-æм азы 1 апрелы(1908-04-01)[1][2][…]
Райгуырæны бынат
Мæлæты датæ 1970-æм азы 8 июны(1970-06-08)[1][2][…] (62 азы)
Мæлæты бынат
Бæстæ
Зонады къабаз психологи æмæ гуманистон психологи[d]
Куысты бынат
Альма-матер
Ахуырадон къæпхæн аивæдты бакалавр[d][5] (2059), аивæдты магистр[d][5] (1931) æмæ философийы доктор[d][5] (1934)
Зонадон разамонæг Гарри Фредерик Харлоу[d]
Ахуыргæнинæгтæ Steve Andreaas[d]
Хорзæхтæ æмæ премитæ
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Маслоу уыдис авд сывæллæтты хистæр, райгуырдис Бруклины, дзуттаг бинонтæм. Йæ ныййарджытæ, Самуил Маслов æмæ Розæ Шиловска, ралыгъдысты АИШ-мæ Киевы губернæйæ XX æнусы райдианы.[7] Лæппуйæн фараст азы куы сæххæст, бинонтæ ралыгъдысты дзуттаг сыхæй сахары æндæр районмæ — уæд уый базыдта, антисемитизм цы у, уый. Рæзыдис куыд æфсæрмыгæнæг, нæууæндæг лæппу[8].

Маслоу хорз ахуыр кодта скъолайы æмæ 1926-æм азы йæ къухы бафтыд юридикон колледжмæ бацæуын, йæ фыды фæндиаг. Фæлæ афæдз куы нæма фæци, йæ фæндон раивта æмæ психологимæ йæ цæст æрдардта.

1928-æм азæй Маслоу ахуыр кодта Висконсины университеты, йæ зонадон амонæг дзы уыдис Гарри Харлоу, маймулитæ иртасæг. Уыцы иу аз ус ракуырдта, йæ бинойнаг сси йæ хæстæджытæй чызг Бертæ, кæцыйы уарзта 12-аздзыдæй.

1934-æм азы кусын байдыдта Колумбийы университеты куыд Эдвард Торндайкы ассистент.

1960-æм азты Маслоу сси зындгонд, 1967-æм азы та йæ равзæрстой Америкæйаг психологон ассоциацийы сæрдарæй — йæхæдæг дæр ууыл дис кодта[8].

Литературæ

ивын
  • Маслоу А. Мотивация и личность. — СПб.: Питер, 2008
  • Шульц Д. П., Шульц С. Э. История современной психологии. — СПб.: Евразия, 2003.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Abraham Harold Maslow // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
  2. 2,0 2,1 Abraham Maslow // Store norske leksikon (бук.) — 1978. — ISSN 2464-1480
  3. https://www.biografiasyvidas.com/biografia/m/maslow.htm
  4. Abraham Maslow (англ.) // The EconomistLondon: The Economist Group, 2008. — ISSN 0013-0613; 1476-8860
  5. 5,0 5,1 5,2 5,3 5,4 5,5 Notable Names Database (англ.) — 2002.
  6. Маслоу / Д. А. Леонтьев // Маниковский — Меотида. — М. : Большая российская энциклопедия, 2012. — С. 285. — (Большая российская энциклопедия : [в 35 т.] / гл. ред. Ю. С. Осипов ; 2004—2017, т. 19). — ISBN 978-5-85270-353-8.
  7. Ruth Lewis
  8. 8,0 8,1 Фрейджер, Роберт; Фейдимен, Джеймс. Личность. Теории, упражнения, эксперименты. — Прайм-Еврознак, 2004.