Махъоты Ацæмæз

композитор

Махъоты[1] Владимиры фырт Ацæмæз (райгуырдис Беслæны[2] 1957-æм азы) у композитор, Цæгат Ирыстоны аивæдты сгуыхт кусæг, Республикæ Цæгат Ирыстон — Аланийы Композиторты цæдисы сæрдар, Цæгат Ирыстоны паддзахадон филармонийы директор[3].

Махъоты Ацæмæз
Райгуырды датæ 1957-æм азы 15 февралы(1957-02-15) (67 азы)
Райгуырæны бынат
Бæстæ
Професситæ композитор
Инструменттæ фортепиано[d]
Жанртæ симфони[d], кантатæ[d] æмæ оперæ
Хорзæхтæ
Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг Хетæгкаты Къостайы номыл преми

Схъомыл ис Беслæны, йæ мад куыста уыцы сахары 1-æм скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй.

Махъоты Ацæмæз ахуыр кодта Ленинграды æмæ Ереваны консерваториты. 1986-æм азæй дæс азы дæргъы куыста Цæгат Ирыстоны драмон театры, 1996-æм азы фæстæ уыдис уыцы театрæн йæ аивадон разамонæг.

Махъойы-фырт ныффыста цыппар симфонийы, оперæ «Алантæ», концерт «Азы хроникæ», балет «Планетæты парад», æртæ мюзиклы, сæдæ зарджытæй фылдæр æмæ æндæр музыкалон уацмыстæ.

Беслæны бæллах куы ’рцыди, уый 50 боны фыста ног симфони, «Мæ фыдыбæстæ Беслæн», зæгъгæ. Уыцы симфони фыццаг хатт хъуыстгонд уыди Дзæуджыхъæуы 2005-æм азы. Симфонийы хъуысынц сылгоймаджы хъæлæс æмæ Цæлыккаты Феликсы æмдзæвгæтæ.

Ис ын æртæ чызджы.

Фиппаинæгтæ

ивын