Митцитæ, вариант Митдзитæ (уырыс. Митциевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзурд

ивын

Митциты мыггаджы равзæрды тыххæй ис рагон таурæгъ. Раджы кæддæр Хурныгуылæн Гуырдзыйы, Оны хъæуы Джапаридзеты мыггагæй царди æртæ æфсымæры — Лало, Мæлтъыз æмæ Берикъо. Æфсымæртæ кæимæдæр фæтуджджын сты æмæ сын уым цæрæн нал уыд, æрбалыгъдысты Дыгуры коммæ æмæ æрцардысты Уæхъæцы хъæуы сæр тигъыл. Ам хистæр æфсымæр — Лало ракуырдта Дзæрæгъæсты чызджы æмæ йын уымæй рацыд цæуæт. Хъæуысæр тигъыл зын цæрæн уыд, æмæ Лало бар ракуырдта Уæхъæцы цæрджытæй, цæмæй хъæумæ æрлыгъдаид. Хъæуы цæрджытæ йын бар радтой. Лало зиу ракодта æмæ хæдзар сарæзта. Хæдзар арæзт куы фæцис, уæд куывд кодтой. Куывдмæ хуынд уыди Туйгъанты Келемет. Уыцы рæстæджы Бадилатæ Тъæпæн Дыгуры цы æгъдау сывæрдтой, уымæ гæсгæ уымы хъæуты куывд дæр æмæ хист дæр æнæ Бадилатæ райдайæн нæ уыд, Келемет дæр уыцы æгъдаумæ гæсгæ хуынд æрцыд куывдмæ.

Куывды фынг сцæттæ, фæлæ адæм æнæ Бадилаты лæг нæ бадтысты. Уый æрæджы кодта. Уæд Лало адæмæн загъта, зæгъгæ, кæдмæ сæм æнхъæлмæ кæсæм æмæ сæ фынгтыл сбадын кодта. Хистæртæ кувын райдыдтой. Æрæджиау Мæхческы ’рдыгæй фæзынд Келемет. Куывд æнæ уый райдыдтой, уый куы федта, уæд æфхæрын райдыдта адæмы, кæйдæрты сæ цæвгæ дæр ныккодта æмæ фæстæмæ аздæхт. Лало куывды адæммæ бадзырдта, зæгъгæ, ацы æгады хъуыддаг æз мæ сæрмæ нæ хæссын, бæхыл абадт, ныййæфта Келеметы Къаматы хъæуы бын æмæ йæ амардта. Лало уырдыгæй фæлыгъд Саухохы бæрзæндтæм. Туджджынтæ агуырдтой Лалойы, фæлæ сæ къухты не ’фтыд. Уæд баххуырстой Лалойæн йæ кæнгæ æфсымæры. Уый йæ æрсайдта Саухохæй Æхсæуы хъæуы цурмæ, зæгъгæ, дам, дæ ус æмæ сывæллæттæ тыхсынц. Лало Æрæфы доны былмæ куы æрхæццæ, уæд Туйгъантæ дæсæй æрбагæппытæ кодтой, бабастой Лалойы бæхмæ æмæ йæ удыгасæй акодтой, Келеметы кæм амардта, уырдæм. Уым æй Келеметы цырты цур аргæвстой. Дыккаг бон Тъæпæн Дыгуры хъæутæй бирæ адæм æрæмбырди æмæ Лалойы баныгæдтой. Лало уыд, адæмы сæрыл Туйгъантимæ чи стох кодта, уый æмæ йыл Дыгургомы адæм Хъæбатыры зарæг скодтой «Митциты Лалой зар», зæгъгæ. Лалойы дыууæ кæстæр æфсымæры Мæлтыз æмæ Берикъо фæлыгъдысты Туркмæ. Лалойы ус æмæ сывæллæттæ та Уæхъæцæй ралыгъдысты Цъифсгæмæ (Мæхческы сæрмæ). Сæ мыггаг та Лалойы фæндмæ гæсгæ скодтой Митцитæй. Уым бирæ фæцардысты йæ фырттæ Налухъ, Гугъо, Хадзеумар. Стæй фæлыгъдысты Махческ æмæ Сырх Дыгурмæ.[1]

Феппайуйнæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 98-99 ф.