Мосцицкий, Игнаций
Игна́ций Мосци́цкий (варианттæ: Игнатий, Игнацы, Мостицкий, Мосьцицкий; пол. Ignacy Mościcki; райгуырдис 1867-æм азы 1 декабры, Межаново, Цеханувы повят — амардис 1946-æм азы 2 октябры, Версуа, Швейцари) уыдис Польшæйы паддзахадон архæйæг, Польшæйы президент (1926–1936) æмæ химик ахуыргонд, æрхъуыдыгæнæг, Польшæйы химион индустрийы саразджытæй иу.
Игнаций Мосцицкий | |
---|---|
Ignacy Mościcki | |
1926-æм азы 4 июны — 1939-æм азы 30 сентябры | |
Раздæр чи уыд | Станислав Войцеховский Мацей Ратай |
Райгуырдис |
1867-æм азы 1 декабры[1][2][…] |
Амардис |
1946-æм азы 2 октябры[1][2][…] (78 азы) |
Ныгæныны бынат | |
Æмкъай | Михалина Мосциская[d] |
Парти | |
Ахуырад | |
Професси | химик |
Архайд | политикæ[5] æмæ хими[5] |
Дин | католик |
Къухæрфыст | |
Хорзæхтæ | |
Кæм куыста | |
Викикъæбицы медиа |
Цардафыст
ивынИгнаций райгуырдис 1867-æм азы, 1863-æм азы Польшæйы цы растад уыдис, уый архайæджы бинонты ’хсæн. Скъола каст фæцис Варшавæйы, уый фæстæ 1891-æм азы йæ ахуыр кæронмæ ахæццæ кодта политехникон институты Ригæйы сахары.
1897-æм азы уый уыдис ассистент университеты Фрибурджы (Швейцари). Уым Мосцицкий куыста азоты туагад амал кæныны ног мадзæлттыл, иртæста нефтгуыст, нефт сыгъдæггæнын æмæ æндæр проблемæтæ. 1920–1926 азты уый куыста Политехникон институты Львовы сахары: уыдис физикон хими æмæ техникон электрохимийы профессор, стæй ректор 1925/1926 ахуыры азы.
Мосцицкий у Тарновæйы азоты баиугæндты фабричы бындурæвæрæг. Фабрикæ кæм æрбынат кодта, уыцы квартал ныртæккæ хæссы ахуыргонды ном.
Политикон архайд
ивын1892-æм азæй Мосцицкий уыдис Польшæйаг социалистты фæсарæйнаг цæдисы уæнг. Майы фæфæлдæхты (1926 аз) фæстæ Юзеф Пилсудскийы рекомендацимæ гæсгæ æвзæрст æрцыдис Польшæйы президентæй æмæ 1926-æм азы 1 июнæй æххæст кодта уыцы хæстæ.
1939-æм азы сентябры советон æфсæдтæ Польшæйы скæсæйнаг зæххытæм куы бацыдысты, уæд Мосцицкийы бахъуыдис бафснайын йæ сæр æмæ уый охыл алыгъдис Румынимæ. Уым хæсты кæронмæ æрцыдис тыхурæд (уырыс. был интернирован) æмæ 25 сентябры уый радта йæ президенты бынат инæлар Болеслав Веняве-Длугошевскийæн. Фæлæ ууыл не сразы сты Францы хицауад æмæ бадомдтой, цæмæй президенты бынат бацахса Владислав Рачкевич. Игнаций Мосцицкий сæххæст кодта уыцы домæн.
1939-æм азы декабры Мосцицкий йæ бинонтимæ æрбынæттон ис Швейцарийы. Уым арвыста Дыккаг дунеон хæсты азтæ.
Йæ марды буар кæм уыдис, уыцы урнæ рахастæуыдис Варшавæмæ 1993-æм азы.
Фиппаинæгтæ
ивын- ↑ 1,0 1,1 Ignacy Moscicki // Encyclopædia Britannica (англ.)
- ↑ 2,0 2,1 Ignacy Mościcki // Брокгаузы энциклопеди (нем.)
- ↑ Deutsche Nationalbibliothek Иумæйаг нормативон контроль (GND) (нем.) — 2012—2016.
- ↑ https://commons.wikimedia.org/wiki/File:FormerGraveIgancyMockicki-CimetiereDeVersoix_RomanDeckert03102024-01.jpg
- ↑ 5,0 5,1 Чешская национальная авторитетная база данных