Мёзи (лат. Moesia, гр. Μοισία, болг. Мизия, серб. Мезија) уыд рагзаманы бæстæ Балканы хæхтæ æмæ дæллаг Дунайы цыды ’хсæн. Цардысты дзы фракиаг знæмтæ (мёзаг, гетаг, бессаг æмæ æндæртæ). Мёзийы ныгуылæн арæн уыд цæугæдон Дринæ, хуссайраг — Балканы хæхтæ, цæгатаг — Дунай, скæсæйнаг — Сау денджыз.

Мёзи Ромы империйы сконды. Нæ эрæйы 120-æм аз

Нæ эрæйы агъоммæ 29—27 азты Мизи сси Ромы империйы дæлбар.

Ныртæккæ Мёзийы фылдæр хай у Болгарийы, чысылдæр хæйттæ — Румыни æмæ Сербийы.