Нарты кадджытæ
Нарты кадджытæ, дыгур. Нарти кадæнгитæ — афтæ хонынц ирон адæмы эпос. Нарты эпосы хуызæн кадджытæ ис æндæр цæгат-кавказаг адæмттæн дæр, уыдонæй хъæздыгдæр у кæсгон адæмæн.
Цæгат Кавказы адæмтæй фыццаг чи æрæвæрдта бындур нарты эпосæн, науæд цахæм националон кæнæ социалон фæлтæрæй уыдысты сæхæдæг нарт, уый æнцон рахатæн нæу. Гуырысхойаг ницы ис æрмæст иу хабары: нарты кадджытæ, бирæ рæстæг ирон дзыллæйы ’хсæн уæвгæйæ, райстой бынтон оригиналон хуыз. Уыдон хуызæн никæуыл фидауы ирон националон эпосы ном.
Нарты эпосы ис бæлвырд историон хабæртты æнхъæвзæн: ирон адæм цы бæлвырд историон хæтæнты фесты, уый æвдисынц нарты кадджытæ. Æнусты дæргъы ирон адæм мыггаггай цардысты: æнæаскъуыйгæ æвирхъау тох цыди хицæн мыггæгты ’хсæн; туджы фæдыл мыггæгтæ кæрæдзи цагътой. Уыцы хабæртты нывтæ диссаджы æргом зынынц нарты эпосы.
Литературæ
ивын- Нарты фæткъуы. Нарты кадджытæ сывæллæттæн. — Дзæуджыхъæу, 1951.
- Биазырты Алыксандр. Нарты таурæгътæ æмæ хабæрттæ. Æнæмыхуыргонд тексттæ. — Цхинвал: «Ирыстон», 1973.
- Нарты кадджытæ. — дыккаг рауагъд. — Орджоникидзе: «Ир», 1975.
- Къибирты Амырхан, Скъодтаты Эльбрус. Нартæ. Мифологи æма эпос дигорон æвзагбæл. — Дзæуæгигъæу, 2005.
- Скъодтаты Эльбрус. Бæгъатæр нартæ. — Дзæуæгигъæу, 2014.