Обзор
Обзор (болг. Обзор) у Болгарийы Бургасы облæсты Несебыры хъæубæстæйы курортон сахар Сау денджызы былгæрон. Лæууы Варнæ æмæ Бургасы ’хсæн цы фæндаг у, ууыл.
Сахар | |||
Обзор | |||
---|---|---|---|
болг. Обзор | |||
|
|||
42°49′09″ с. ш. 27°52′52″ в. д.HGЯO | |||
Паддзахад | Болгари | ||
Облæст | Бургасы облæст | ||
Хъæубæстæ | Несебыр | ||
Истори æмæ географи | |||
Раздæры нæмттæ | Наулохас, Гелиополис, Гёзекен (1936 азы онг) | ||
Фæзуат |
|
||
Сахатон таг | UTC+2:00, сæрды UTC+3:00 | ||
Цæрджытæ | |||
Цæрджытæ |
|
||
Цифрон идентификатортæ | |||
Телефонон код | +359 556 | ||
Посты индекс | 8250 | ||
|
|||
Викикъæбицы медиа |
Обзоры истори
ивынСахарыл цæуы 3 мин азы. Фыццаг йæ бынаты уыд фракиаг хъæу Навлахос. Стæй йæ бынаты бердзенаг колонисттæ сарæзтой ног сахар Гелиополис (ома «Хуры сахар»). Ромаг баисты фæстæ нæ эрæйы агъоммæ фыццаг æнусы сахары фæзынд Юпитеры аргъуан, æмæ уый тыххæй сахарæн дæр радтой ног ном — Теополис («Хуыцау сахар»). Уыцы рагон аргъуаны хæлддзæгтæ баззадысты ныры онг сахары астæу.
Ромы импери дыууæ хайыл куы ныддих и, уæд Теополисы уыд византиаг императорты сæрдыгон резиденци. Фæстæдæр болгайрæгтæ сарæзтой уыцы ран фидар Козяк. Осмайнаг импери болгайраг зæххытыл æлдариуæг кæнын куы райдыдта, уыцы раны лæууæг хъæу хуынди Гёзекен (туркагау нысан кæны «Афæлгæст»). 1936 азы сахары ном раивтой болгайраг æмнысан дзырдмæ — Обзор. 1984 азы 9 сентябры Обзорæн радтой сахары статус.
Сахар-курорт
ивынОбзор курортон бынат сси 1934 азы. Сахары пляжы дæргъ у 8 километрæй фылдæр, хæстæг сты Стара-Планинæйы хæхтæ. Хохы ис дзæбæхгæнæн суадæттæ.
Политикон ситуаци
ивынБынæттон кметады кметы хæстæ æххæст кæны Кирил Стоянов (хибар) 2007 азы æвзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.
Хъæубæстæйы кмет у Николай Димитров (хибар) равзæрстыты фæстиуæгмæ гæсгæ.