Озитæ[1] (уырыс. Озиевы) сты дыгурон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Озиты фыдæл Дыгуры коммæ æрбафтыд Мæхъхъæлы бæстæй, уыд мæхъæлон. Æрцардысты Стыр Дыгуры. Уым Озитæ, Турчитæ æмæ Гетъоты нымадтой кæнгæ æфсымæртæй, равзæргæ мыггæгтыл. Ацы мыггæгтæ бирæ рæстæджы фæцардысты Стыр Дыгуры. Турчитæ ам уыдысты рагон цæрджытæ, Гетъоты фыдæл та æрбалыгъд Уæлладжыры комæй. Озитæ Стыр Дыгурæй фæлыгъдысты Сечермæ, Турчитæй сæ иутæ фæлыгъдысты Мæздæгмæ, иннæтæ — Толдзгунмæ. Гетъотæй ма бирæтæ абон дæр цæрынц Стыр Дыгуры.[2]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты Зинæ. Ирон мыггæгтæ: Дзæуджыхъæу: Ир, 2005 — 359 ф.
  2. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.