Окказионализм (латинаг миногонæй occasionalis «æрхаугæ, æнæнхъæлгæ, æнæбары æвзæрст») у, литератор æвзаджы дзырдарæзты æгъдæуттæм гæсгæ, кæнæ, æвзаджы цы модельтæ ис, уыдонмæ гæсгæ кæй сарæзта, ахæм индивидуалон-авторон ног дзырдтæ (неологизмтæ). Арæх æмбæлынц аивадон текстты.

Окказионализмты дæнцæгтæ ивын

Ирон окказионализмты дæнцæгтæ ивын

  • Æгурдиат (курдиат кæмæ нæй, ахæм): Курдиат æмæ æгурдиатæн баиу уæвæн куыд нæй, афтæ æмсæр-æмбар коллективистон æхсæнад саразыны идейæ дæр утопи у. (Хъодзаты Æ., «Мах дуг», 2007, №10).
  • Æбайрайгæ: «Ма лидз æбайрайгæ хъазтæй», — дзурын дæрæхсæнтæй, састæй. (Хъодзаты Æхсары æмдзæвгæйæ)
  • Æндæриуæг: Æмæ æрмæст иу æндæриуæг ис адæймаг мæсыгæй дур мæсыджы ’хсæн. (Беджызаты Ч., «Мæсгуытæ дзурынц»)
  • Къахбар, дзырдбар: Зæды хуызæн хистæр, уæздан, къахбар æмæ дзырдбар. (Бесаты Тазе)
  • Милрихи: Милрихи сау лæппу. (Бестауты Гиуæрги)
  • Сидзæйраг: Æмæ баззайдзысты æвæгæсæгæй, иунæгæй: быдыры астæу ма баззайынц афтæ дыууæ сидзæйраг зазы, алырдыгæй фыдтымыгътæ уыцы хост кæмæн кæнынц. (Æмбалты Цоцко)
  • Сагъæсдон (афтæ хуыйны Нафийы æмдзæвгæты цикл)
  • Рагзамайнаг: Иудадзыгдæр чингуыты ’хсæн фæбады æмæ рагзамайнаг зынæмбарæн текстытæ фæкæсы. («Мах дуг», 2004 аз, №9)
  • Дзырдцомахъ: Дзырдцомахъ ирон лæг Мамион Хъарадзауы адæм зонынц æрмæст йæ ацы номæй. (Гуыриаты Тамерлан)
  • Хæрзбойнаг: Хæрзбон, хæрзбон, хæрзæбонтæ!.. Æниу нæм Хæрзæбойнаг цы уыд æмæ цы ис?! (Скифироны æмдзæвгæйæ)
  • Хаццойнаг (хаццон — аренда): Мæ бонгæны цыппæрæм хай куы æркарстай, уæд мæ хаццойнагæн — айс зæгъын дæ куыд ферох Кобетæ ма бæргæ дзырдтой, бæргæ лæгъстæ кодтой, дзырддаг у, зæгъгæ, æмæ хъуыддаг раст адæммæ æрхæссæм, фæлæ сæ хъал Барсæджы фырт кæм уагъта. (Беджызаты Ч., «Мæсгуытæ дзурынц»)
  • Уæлдæффæрсудзæн: Сæ дзыхтыл чысыл резинæ уæлдæффæрсудзæнтæ. (Бестауты Гиуæрги)
  • Удвæндиаг: Рæстæгмæ сты нæ удвæндиаг цинтæ. (Хаджеты Таймуразы æмдзæвгæйæ)
  • Дывыдойнаг: Хæццæ, дывыдойнаг хъуыдытæ. (Хаджеты Таймуразы æмдзæвгæйæ)
  • Динджын: Дзагуыры-фырт фыста: «Кæд Хетæгкаты Къоста зæхкусджыты ’хсæн тынг кадджын у, уæддæр йæ фыстытæ ныры рæстæгæн се ’ппæт нæ бæззынц; зæгъæм, Къоста уыди динджын, æмæ ахæм ахаст йæ фыстыты дæр ис. Къостамæ национализмы низ дæр хæццæ кодта» («Мах дуг», 2007, №1)
  • Уарзтæфхæрд:
Онегин уарзтæфхæрд кæм нæ уыд,
Æмæ ныр хъусыныл ныллæууыд:
Поэт ын цадæггай дзырдта
Йæ уды сусæггаг хъуыддаг.
(Нафийы тæлмац)
В любви считаясь инвалидом,
Онегин слушал с важным видом,
Как, сердца исповедь любя,
Поэт высказывал себя;
(Пушкины оригинал)

Уырыссаг окказионализмты дæнцæгтæ ивын

  • Дурновкусие: Уровень пошлости и дурновкусия порой зашкаливал. Но, с другой стороны - мало ли пошлости демонстрируют другие исполнители и другие каналы? (Интернетæй)
  • Нерукопожатный: Можешь хоть всю жизнь «журить» Кремль за «отдельные недостатки», но одно слово, сказанное против молодых демократий, и ты нерукопожатный, неприкасаемый. (Интернетæй)