Окруашвили, Иракли

Иракли Кобайы фырт Окруашвили (гуырдз. ირაკლი კობას ძე ოქრუაშვილი; райгуырдис 1973-æм азы 6 ноябры, Цхинвалы) у Гуырдзыстоны политикон æмæ æфсæддон архайæг, паддзахады хъахъхъæнынады министр 20042006 азты[1].

Иракли Окруашвили
гуырдз. ირაკლი კობას ძე ოქრუაშვილი
2004-æм азы 7 июны — 2004-æм азы 17 декабры
Раздæр чи уыд Георгий Барамидзе[d]
Фæстæдæр Вано Мерабишвили
2006-æм азы 10 ноябры — 2006-æм азы 17 ноябры
Раздæр чи уыд Иракли Чоговадзе[d]
Фæстæдæр Георгий Арвеладзе[d]
2004-æм азы 17 декабры — 2006-æм азы 10 ноябры
Раздæр чи уыд Георгий Барамидзе[d]
Фæстæдæр Давид Кезерашвили[d]
Райгуырдис 1973-æм азы 6 ноябры(1973-11-06) (50 азы)
Парти
Ахуырад
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Йæ дæсныйадмæ гæсгæ у юрист, каст фæцис Тбилисы паддзахадон университеты æхсæнадæмон барад æмæ æхсæнадæмон ахастыты факультет (1995).

2008-æм азы апрелæй цардис Францы куыд политикон лигъдон[2]. 2012-æм азы йæ къухы бафтыдис Гуырдзыстонмæ раздахын, уым афæлвæрдта политикон парти саразын, фæлæ парламенты æвзæрстыты фембылды ис[3].

2022-æм азы мартъийы 48-аздзыд Окруашвили афтыдис Украинæмæ, Киевмæ ’ввахс иннæ фæсарæйнæгтимæ иу къорды хæцыдис Уæрæсейы æфсады ныхмæ[4]. 13 апрелы Украинæйæ ацыдис фæстæмæ Гуырдзыстонмæ[5].

Фиппаинæгтæ ивын