Охъазтæ у хъæу Цæгат Ирыстоны Æрæфы районы. Ис Дыгургомы.

Хъæу
Охъазтæ
42°55′33″ с. ш. 43°50′02″ в. д.HGЯO
Паддзахад Уæрæсе Уæрæсе
Федерацийы субъект Цæгат Ирыстон
Муниципалон район Æрæфы район
Истори æмæ географи
Сахатон таг UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ 0 адæймаджы
Охъазтæ (хъæу) (Уæрæсе)
Охъазтæ (хъæу) (Цæгат Ирыстон)

Истори

ивын

Синхи бунат æй Сонгути дони рахес фарс, Гæлиатæ æма Уæллаг Фæснæли гъæути астæу, сæ дæллæй Дзагъайти цæрæнтæ кæми адтæнцæ, еци бæрзонд тегъæбæл. Дзагъайтæ, дан, еци тегъæбæл цардæнцæ раги рæстæги, фал, ка адтæнцæ æма кæцæй æрцудæнцæ, уой ба абони некебал зонуй. Дзагъайти фæсте аци бунати берæ рæстæгути неке цардæй, фиццагидæр си æрцардæнцæ Охъазтæ, æма и бунатæн дæр уонæмæ гæсгæ æрцудæй лæвæрд Охъазти синхи ном. Бæрзонд тегъæ Охъазти фиццаг фиддæлтæ равзурстонцæ цæрæн бунатæн æзнæгти тасæй. Тегъæмæ зиннунцæ еугур кæмттæ, исцæуæнтæ æма алли æрдигæй æрбацæуæнтæ. Синхи цæргутæн сæ бон уидæ афонæбæл фæййинун тухгæнгути фæззинд, уидæ син сæхе бацæттæ кæнунмæ рæстæг.

Охъазти синхи цæргутæн сæ царди уавæртæ хуарз н’адтæнцæ, хумзæнхитæ син фагæ н’адтæй, синхмæ фулдæр рæстæгути уæрдун нæ зилдæй, зилдæй сæмæ айдагъдæр хуарз рæстæги, сæрди мæйти, уомæ гæсгæ ба фулдæр куститæ кодтонцæ хайуантæбæл, уæдта лæги хъаурæй.

Игуæрдæнтæ æма син фонси хезнитæ адтæй фагæ, фал етæ дæр адтæнцæ идард, уæдта лæгъуз рауæнти. Кæд сæбæл берæ хъиамæт гъудæй, уæддæр син æнæ зæнхитæй ба цæрæн н’адтæй, уони фæрци дардтонцæ фонс дæр æма сæхе дæр.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гецати Афæхъо. Дигори коми муггæгти равзурд. — Дзæуæгигъæу: Алания, 1999. — Ф. 210.