Пæррæстатæ
Пæррæстатæ[1] кæнæ Пæрæстатæ[2] (уырыс. Парастаевы, гуырдз. პარასტაშვილი[1][2]) сты ирон мыггаг.
Равзæрд
ивынПæррæстатæ Дæллаг Хуыцъемæ ралыгъдысты Мамысонæй. Æндæр мыггагимæ фæтуджджын сты æмæ сæ зæхх дæр ныууагътой, æрмæст ма сæ сæртæ бафснайдтой. Ам Тыбылтæй раздæр ничи æрцардис. Бæстæ уыд Тыбылты Гæбийы. Уый та, дам, æрцыд цуаны, æмæ бæстæ куы федта, æмæ йæ зæрдæмæ куы фæцыд, уæд æм æрбынат кодта. Пæррæстатæ куы æрлыгъдысты, уæд Тыбылы фыртæн йæ зæххытæй байстой. Пæррæстатæ фылдæр уыдысты æмæ йын йæ лæппутæй иуы дæр амардтой, фæлæ уый туг дæр не ’рцагуырдта, æрмæст сын загъта, цæмæй йæ ныууадзой, йæ зæххытæй дæр сын разы уыд дæттыныл. Пæррæстатæй иу лæг сау бæхæй балхæдта лæппу æмæ йæ Къациа хуыдтой, ныр суар кæм ис Дзауы, уый комкоммæ къуылдымыл цардысты. Сæхи фыццаг Къациатæй схуыдтой, фæлæ адæммæ цæуын куы райдыдтой, уæд сæхи Пæррæстатыл ныффыстой.[3]