Тыбылтæ, Тыбылатæ (уырыс. Тибиловы) сты ирон мыггаг.

Равзæрд

ивын

Тыбылтæ цæрынц Мидæггаг Хуыцъейы (Тройтæ), ноджы ма дзы цæрынц Джиотæ, Хæбæлатæ, Гатыгкотæ. Раздæр дзы æрцардысты Тыбылтæ. Уыдон æрбалыгъдысты Дæллаг Хуыцъейæ, фæлæ Дæллаг Хуыцъемæ та Ольгинскæйæ æрлыгъдысты, уымы Тыбылаты æрвадæлтæ сты. Дæллаг Хуыцъейы æрцардысты дыууæ фыдыфырты: Тотротæ æмæ Гæбитæ, æртыккаг фыдыфырт Тройтæ та Мидæггаг Хуыцъемæ æрбалыгъдысты, уæды онг уым хъæд уыд. Æрцардысты дзы æмæ йæ слæгуын кодтой. Тройтæй чидæртæ алыгъдысты Къахетмæ.[1]

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Гаглойты З. Д. Ирон мыггæгтæ. — 2-аг баххæстгонд рауагъд. — Цхинвал: «Республика», 2017. — 372 с.