Паровоз кæнæ уадæг[1] (тæфон локомотив) у, тæфон машинæйæ энерги чи исы, ахæм локомотив. Дзæвгар рæстæджы дæргъы паровозтæ уыдысты локомотивты сæйрагдæр хуыз. Иуæй-иу бæстæты паровозтæ ныр дæр архайынц æфсæнвæндæгтыл.

Польшæйаг паровоз Pm36-2. Познань, 2004-æм аз

Паровозы аджы дон цæмæй фыца, уымæн арæхдæр сыгътой дурæвзалы. Фæлæ иуæй-иу ран пайда кодтой æндæр артагæй дæр — зæгъæм, Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндагыл уыдысты нефты гуырæнтæ, æмæ уый тыххæй уыцы æфсæнвæндаджы паровозтæ тæвд кодтой нефтæй, асламдæр уыд.

Уæрæсейы ног паровозтæ уагъд цыдысты 1960-æм азы онг.

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. Санахъоты Уасо. Зæрдæйы хъæдгом. Журнал «Мах дуг», 2013 аз, №11, 121-æм фарс