Поморие (болг. Поморие) у Болгарийы Бургасы облæсты сахар Сау денджызы былгæрон. Сахар лæууы сæбæкк æрдæгсакъадахыл, 10-15 минуты Бургасы аэропортæй, Бургас æмæ Несебыры ’хсæн.

Сахар
Поморие
болг. Поморие
Тырыса Герб
Тырыса Герб
42°33′24″ с. ш. 27°38′25″ в. д.HGЯO
Паддзахад Болгари Болгари
Облæст Бургасы облæст
Хъæубæстæ Поморие
Истори æмæ географи
Раздæры нæмттæ Анхиало (1934 азы онг)
Сахатон таг UTC+2:00, сæрды UTC+3:00
Цæрджытæ
Цæрджытæ
Цифрон идентификатортæ
Телефонон код +359 596
Посты индекс 8200
pomorie.bg
Поморие (Болгари)
Поморие (Бургасы облæст)
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Адæм незаманты æрцардысты уыцы ран — нæ эрæйы агъоммæ V æнусы уыдис дзы бердзенаг колони Анхиало. Бердзенаг-болгайраг быцæутты рæстæг XX æнусы райдиан сахары фылдæр хай арты амæттаг фæци, бердзенаг цæрджыты бахъуыди Грекъмæ ралидзын, уыдоны бынатмæ æрбалыгътой болгайрæгтæ Стара-Планинæйы хохæй (сынæг Еминейы районы). 1934-æм азы сахары ном аивтой болгайрагдæрæн — Поморие.

Сахары мидæг рагон заманæй Помориейы цæхджын цады кæнынц цæххы куыст. Уыимæ Поморие зындгонд у йæ Сыгъдæг Георгийы номыл моладзандонæй. Сахары ис цымыдисаг историон музей.

Фиппаинæгтæ ивын