Пётр æмæ Павелы гæнах

Пётр æмæ Павелы гæнах (уырыссагау Петропавловская крепость) лæууы Бетъырбухы тæккæ астæу, у сахарæн йæ фыццаг арæзтад. Райдыдтой йæ аразын 1703-æм азы 27 майы — æмæ уыцы бон нымад у Бетъырбухы бындурæвæрды бон. Уæд цыди Стыр Цæгатаг хæст, æмæ исдуг гæнах уыд ахадгæ хъахъхъæныны мадзæл Швецийы ’фсады ныхмæ. Фæлæ азтæ куы цыдысты, гæнахæн йæ хæстон нысаниуæг фæкъаддæр и.

Пётр æмæ Павелы гæнах Невайы ’рдыгæй

Бирæ азты дæргъы Пётр æмæ Павелы гæнах уыд политикон ахæстон.

Ныр гæнах сси музей. Алы бон дæр гæнахы сисæй ахсынц сармадзанæй, æмбисбон куы у, уæд.