Рæмонты Дауыты (Дзиццойы) фырт Евгений (Быдзыго) кæнæ Рæмонты Евген[1] (уырыс. Евгений Дави­дович Рамонов) уыдис ирон большевик-революционер, биолог, профессор, булкъон[2].

Бызыго райгуырдис 1890-æм азы Даргъкъохы, æмæ схъомыл хуымæтæг зæхкусæг бинонты ’хсæн. Фыццаг дунеон хæсты рæстæджы, уырысы паддзахы æфсадмæ кæй цæуын, ссис æфсæддон дохтыр æмæ фидартыл Астæуккаг Азийы бакодтой æмæ фæстæдæр цардис Тбилисы сахары; дард нæу хæсты фæцæфтæй Осмайнаг-Турчы ныхмæ.

1917-æм азы Октябры революцийы фæстæ, уый бындур æрæвæрдта ирон партион организаци ЧерменТбилисы, æмæ йæ сæрдариуæггæнæг сси.[кæцæй ист у?]

1920-æм азы Рæмонаты Евгений æмæ Козаты Разден ацыдысты Бетъырбухмæ, æмæ Ленинимæ фембæлдысты[1].

Ленинæн операци куы кодтой, Рæмоны-фырт уыд хирургты ’хсæн куыд партийы минæвар, уый тыххæй æмæ операци кодтой гермайнаг дохтыртæ-æнæпартионтæ[3].

Амард æмæ ныгæд æрцыдис Мæскуыйы[2], æндæр ратæдзæнтæм гæсгæ — Хъазахстаны[3].

Фиппаинæгтæ

ивын
  1. 1,0 1,1 Плиты Г. Г. Мæлæм! Уæд лæугæйæ! — Цхинвал, 2020.
  2. 2,0 2,1 Ossetians.com / Рамонов Евгений (Быдзыго)
  3. 3,0 3,1 Открытый список / Рамонов Евгений Давыдович (1890)(недоступная ссылка). Датæ: 2021-æм азы 18 декабры. Архив 2021-æм азы 18 декабры.